13 Фӕсденджыз не сты, цӕмӕй афтӕ зӕгъат, чи фӕцӕудзӕн мах тыххӕй фӕсденджызмӕ ӕмӕ нын сӕ чи ӕрбахӕсдзӕн, цӕмӕй сӕ мах ӕххӕст кӕнӕм, зӕгъгӕ.
Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынц; Дунедарӕгӕй тас фыдбылызӕй бахизы.
Хуссары ус-паддзах Тӕрхоны Бон растдзӕн ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзӕни, уымӕн ӕмӕ уый зӕххы кӕронӕй ӕрбацыд Соломоны уӕлзондмӕ байхъусынмӕ. Ныр та ам ис, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.
Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».
Уыдон загътой: «Сӕдӕйыхицау Корнелий раст адӕймаг у, тӕрсы Хуыцауӕй, ӕппӕт иудейаг адӕм ӕй нымайынц. Сыгъдӕг зӕд ын бафӕдзӕхста дӕу йӕ хӕдзармӕ ӕрхонын ӕмӕ дын дӕ ныхӕстӕм байхъусын».
Уайтӕккӕ дӕм арвыстон, ӕмӕ, кӕй ӕрбацыдтӕ, уымӕй хорз бакодтай. Ныр мах иууылдӕр лӕууӕм Хуыцауы раз, цӕмӕй байхъусӕм, Бардарӕг дын цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕм».
Уыцы ӕхсӕв Павел федта цӕстылуайӕн: йӕ разы ӕрлӕууыд иу македойнаг лӕг ӕмӕ йӕм хатыд: «Ӕрцу Македонимӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕн».
Уӕларвы не сты, цӕмӕй афтӕ зӕгъат, уӕларвмӕ чи ссӕудзӕн ӕмӕ нын сӕ чи ӕрхӕсдзӕн, цӕмӕй сӕ мах ӕххӕст кӕнӕм, зӕгъгӕ.
Тынг хӕстӕг уӕм сты уыдон — уӕ дӕлӕвзаг ӕмӕ уӕ зӕрдӕйы рӕбын, ӕмӕ сӕ уӕ бон ӕххӕст кӕнын у.