Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 30:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ куы кӕсат, ацы Ӕгъдауы чиныджы цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ фыст ис, уыдон куы ӕххӕст кӕнат, Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт уды хъаруйӕ уе ’ргом куы раздахат, уӕд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 30:10
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ ӕнаккаг дӕр йӕ раздӕры тӕригъӕдтӕ куы ныууадза ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ куы нымайа, рӕстгӕнӕг ӕмӕ ӕгъдауджын куы суа, уӕд цӕргӕйӕ баззайдзӕн, нӕ амӕлдзӕн.


Зӕгъ сын: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдджын амӕла, уый. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра. Раздӕхут, уе ’наккаг митӕ ныууадзут! Израилы адӕм, уӕхи цӕмӕн сафут?“


Ӕнаккагӕн куы зӕгъон, ӕнӕмӕнг амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ фыдракӕндтӕ куы ныууадза ӕмӕ рӕстӕй цӕрын куы райдайа,


Фыдгӕнӕг йе ’наккаг митӕ куы ныууадза ӕмӕ рӕстӕй цӕрын куы райдайа, уӕд цӕрдзӕни.


Адӕм дард рӕттӕй ӕрбацӕудзысты ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндон аразыны хъуыддаджы архайдзысты. Ӕмӕ базондзыстут, сымахмӕ мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый. Уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты, уӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куы хъусат, уӕд».


Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕгтӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй.


Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын барст ӕрцӕуой уӕ тӕригъӕдтӕ.


Сунӕт скӕнын дӕр ницы у, сунӕт не скӕнын дӕр ницы у — ӕрмӕст Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын у ахсджиаг.


Израилы мыггӕгты ’хсӕнӕй йӕ рахицӕн кӕндзӕн Дунедарӕг, цӕмӕй йын ацы тухгӕ чиныджы фыст ӕлгъыстытӕ йӕ хай фӕкӕна.


Абон уын ӕз цы фӕдзӕхстытӕ дӕттын, уыдон, уӕ зонд цӕмӕ сӕххӕсса, уымӕй уӕлдӕр не сты, ӕгӕр дард дӕр не сты сымахӕй.


Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы раздӕхат, сымах дӕр ӕмӕ уӕ цот дӕр Йӕ коммӕ куы кӕсат ӕмӕ уын абон цыдӕриддӕр фӕдзӕхсын, уыдон зӕрдиагӕй куы ӕххӕст кӕнат,


Сымах та ногӕй Дунедарӕджы коммӕ кӕсдзыстут ӕмӕ Йын ӕххӕст кӕндзыстут Йе ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ, абон уын ӕз кӕй хъусын кӕнын, уыдон.


Уым райдайдзыстут агурын Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕмӕ Йӕ удуӕлдайӕ, зӕрдиагӕй куы ӕрцагурат, уӕд Ӕй ссардзыстут.


Уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт уд ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ