6 Ӕлгъыстаг сӕ фӕкодтам, Хешбоны паддзах Сигонӕн куыд бакодтам, афтӕ; сахартӕн сӕ цӕрджыты ныццагътам — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй.
Уӕд израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн басомы кодтой: «Ацы адӕмы нын кӕд нӕ къухмӕ раттай, уӕд сын сӕ сахартӕ ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн».
Уый уыди, Хешбоны хицауиуӕг чи кодта, аморӕгты уыцы паддзах Сигон ӕмӕ, Аштарот ӕмӕ Едреи кӕй къухы уыдысты, Башаны уыцы паддзах Ог саст куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ.
Дунедарӕг загъта: „Цӕут ӕмӕ Арноны сӕрты ахизут. Мӕнӕ уын Ӕз уӕ къухмӕ дӕттын Хешбоны паддзах Сигоны, амораджы, стӕй йӕ бӕстӕ дӕр. Фыццаг уал уый басӕттут, схӕцут йемӕ.
Йӕ сахартӕ йын иууылдӕр басастам, ӕлгъыстаг сӕ фӕкодтам ӕмӕ дзы цӕрӕг нал ныууагътам; нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй — иууылдӕр сӕ ныццагътам.
Нӕдӕр къӕбӕры хъӕстӕ фестут, нӕдӕр — сӕн ӕмӕ бӕгӕныйы, цӕмӕй бамбарат: Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау!
Ӕмӕ мын загъта Дунедарӕг: „Ма дзы тӕрс. Ӕз дын ӕй йе ’ппӕт ӕфсад ӕмӕ йӕ бӕстӕимӕ дӕ къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ Сигонӕн, аморӕгты паддзахӕн, Хешбоны хицауиуӕг чи кодта, уымӕн куыд бакодтай, амӕн дӕр афтӕ бакӕндзынӕ“.
Иууылдӕр уыдысты, сӕ алыварс бӕрзонд систӕ кӕмӕн уыд, ахӕм ӕхгӕд сахартӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ ӕвдузӕнтимӕ. Уыдонӕй уӕлдай ма басастам, бырутӕй ӕхгӕд чи нӕ уыд, бирӕ ахӕм сахартӕ дӕр.
Израилӕгтӕ уыцы сахартӕн сӕ исбон ӕмӕ сӕ фос иууылдӕр рассывтой, сӕ адӕмы та сын се ’ппӕты дӕр карды амӕттаг бакодтой. Аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радтой.