Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 3:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Фасгайы хохы сӕрмӕ ссу ӕмӕ дӕ цӕст ахӕсс ныгуылӕн ӕмӕ цӕгатыл, хуссар ӕмӕ скӕсӕныл, фен сӕ, уымӕн ӕмӕ ды Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ бахиздзынӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 3:27
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Фаг Мыл кӕй нӕ баууӕндыдыстут ӕмӕ, Уаз кӕй Дӕн, уый израилӕгты раз кӕй нӕ равдыстат, уымӕ гӕсгӕ ацы адӕмы, цы бӕстӕ сын дӕттын, уырдӕм сымах нӕ бакӕндзыстут».


Уыйадыл ӕй ахуыдта Цофимы быдырмӕ, Фасгайы сӕрмӕ; сарӕзта авд нывондхӕссӕны ӕмӕ ӕрхаста нывӕндтӕ: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Мӕнӕ Аваримы хохмӕ ссу ӕмӕ, израилӕгтӕн цы зӕхх радтон, уымӕ акӕс.


Мӕнмӕ дӕр фӕхъызыди Дунедарӕг сымах тыххӕй. Загъта мын: „Ды дӕр нӕ бацӕудзынӕ уыцы бӕстӕм!


уӕд ма сын ноджы загъта: «Сӕдӕ дыууын азы мыл цӕуы ныр. Цӕуынтӕн нал дӕн. Дунедарӕг мын загъта: „Иорданы сӕрты нӕ ахиздзынӕ ды“.


«Аваримы хӕхтӕм фӕцу. Моавы, Йерихоны бакомкоммӕ, цы хох ис — Нево, уырдӕм ссу ӕмӕ Ханааныл, израилӕгтӕн кӕй хай кӕнын, уыцы бӕстыл дӕ цӕст ахӕсс.


Израилӕгтӕн цы бӕстӕ дӕттын, уый дардӕй фендзынӕ, фӕлӕ уыцы бӕстӕм цӕугӕ нӕ бакӕндзынӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ