17 Ноджы ма сын радтон Аравӕ Иорданы онг, Киннеретӕй Аравӕйы (Мард) денджызы онг ӕмӕ скӕсӕнӕрдыгӕй — суанг Фасгайы фӕхстӕм.
Лот йӕ цӕст ахаста Иорданы дӕлвӕзыл ӕмӕ федта, уыцы дӕлвӕз суанг Цоары онг, Дунедарӕджы дыргъдонау кӕнӕ Мысыры зӕххау, иууылдӕр донӕфсӕст кӕй уыди, уый. Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахартӕ нӕма бабын кодта.
Адон та се ’фсӕдты уымӕй размӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд кодтой Сидимы дӕлвӕзы, ныр Мард денджыз кӕм ис, уым.
Йеровоам ногӕй ӕрфидар кодта, Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй, Хаматы сахарӕй, куы бахизай, суанг уырдыгӕй райдай ӕмӕ Мард денджызы онг Израилӕн раздӕр цы арӕнтӕ уыди, уыдон. Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йӕ цагъары, гат-хефераг пехуымпар Амиттайы фырт Ионӕйы уылты цы загъта, уый.
Уыцы лӕг мын загъта: «Ацы дон цӕуы скӕсӕнӕрдӕм, Иорданы дӕлвӕзы онг, уым бакӕлдзӕни денджызмӕ ӕмӕ денджызы дон суыдзӕнис ӕнӕнизгӕнӕг.
Уыйадыл ӕй ахуыдта Цофимы быдырмӕ, Фасгайы сӕрмӕ; сарӕзта авд нывондхӕссӕны ӕмӕ ӕрхаста нывӕндтӕ: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.
Иуахӕмы Йесо Геннисареты цады был лӕууыд, ӕмӕ Йӕм Хуыцауы ныхасмӕ байхъусынмӕ адӕм уырдӕм гуылф кодтой.
Иорданӕн йӕ фаллаг фарс, скӕсӕнӕрдыгӕй цы дӕлвӕз ис, уый дӕр уыдонмӕ хауы суанг Фасгайы рӕбынмӕ, денджызы онг.
стӕй Иорданы скӕсӕйнаг тӕрфрӕбын Киннереты денджызӕй хуссарӕрдӕм, Мард денджызы онг, Бет-Йешимотмӕ ӕмӕ Фасгайы хохы фӕхстӕм.
Иорданы тӕрфы та: Бет-Харам, Бет-Нимра, Суккот ӕмӕ Цафон — Рувимы хайӕ фӕстӕмӕ хешбонаг паддзах Сигоны зӕхх, Иорданы дон ӕмӕ донӕн йе скӕсӕйнаг былгӕрон Киннереты денджызы онг.
Сӕ хуссайраг арӕн райдыдта Мард денджызӕн йӕ хуссар былгӕронӕй
Скӕсӕйнаг арӕн у Мард денджыз, Иордан ӕм кӕм бакӕлы, уый онг. Цӕгатаг арӕн райдыдта, Иордан денджызмӕ кӕм бакӕлы, уырдыгӕй
Дарддӕр йӕхи айтыгъта Бет-Хоглайы цӕгатварсӕрдӕм ӕмӕ банцади Мард денджызы цӕгатаг былгӕроныл, Иордан денджызмӕ кӕм кӕлы, уым. Уый уыди хуссайраг арӕн, Иордан та — скӕсӕйнаг арӕн.
Неффалимы зӕххы хаймӕ хаудтой фидар сахартӕ Циддим, Цер, Хаммат, Раккат, Киннерет,
афтӕ дӕрддзӕф ран (Царетаны фарсмӕ Адамы сахары цур), Иорданӕн йӕ гуырӕнтӕй цыдӕриддӕр дон кӕлы, уый ауӕзтау ӕрлӕууыд, ӕмдзӕхгӕр сис фестади. Дӕлӕрдӕм, Мард денджызмӕ цы дон калди, уый фӕцыдӕр ис, байсыст. Ӕмӕ адӕм доны фаллаг фарсмӕ ахызтысты Йерихоны бакомкоммӕ.