15 Махирӕн ӕз радтон Галаад.
Ӕрӕййӕфта ма Ефремы фыртты фыртты. Менассиайы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты.
Сегувӕй райгуырди Иаир. Иаирӕн Галаады зӕххыл уыд ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз сахары.
Менассиайы байзӕддӕгтӕ: Махирӕй — Махиры хӕдзарвӕндаг; Махирӕй райгуырд Галаад, Галаадӕй рацыд Галаады хӕдзарвӕндаг.
Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иу ӕмбисӕн Моисей зӕххы хай радта Башаны. Йӕ иннӕ ӕмбисӕн та йын Йешуа зӕххы хай радта Иорданы ацы фарс ныгуылӕнӕрдӕм, иннӕ израилӕгты фарсмӕ. Ӕмӕ сӕ Йешуа Хуыцауы арфӕимӕ сӕ хӕдзӕрттӕм куы ’рвыста,