Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 3:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Иаир, Менассиайы фырт, йӕхи бакодта Аргов ӕмӕ йӕ алфамбылӕйттӕ иууылдӕр, суанг гешурӕгтӕ ӕмӕ маахайӕгты арӕнтӕм, йӕхи номӕй сӕ рахуыдта ӕмӕ ма абоны онг дӕр Башан хонынц Хаввот-Иаир.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 3:14
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аммонӕгтӕ куы бамбӕрстой, Давидӕн ӕнӕуынон фестадысты, уый, уӕд Бет-Рехов ӕмӕ Цовамӕ арвыстой ӕмӕ уымы арамейӕгтӕй ссӕдз мин фистӕг хӕстоны баххуырстой, ноджы ма баххуырстой Маахайы паддзахы, йемӕ мин лӕджы, афтӕмӕй, Товы адӕмӕй та — дыууадӕс мины.


Авессалом та алыгъд ӕмӕ бацыди Аммиуды фырт Талмаймӕ, Гешуры паддзахмӕ. Давид ма бирӕ фӕхъыг кодта йӕ фыртыл.


Йоав ацыд Гешурмӕ ӕмӕ Авессаломы Йерусалиммӕ ӕрбахуыдта.


иаираг Ира дӕр уыди Давиды сауджын.


маахайаг Ахасбайы фырт Елифелет; гилойаг Ахитофелы фырт Елиам;


уый кӕстӕр — Килав, йӕ мад — кармелаг Навалы идӕдз Авигеа, ӕртыккаг — Авессалом, йӕ мад — Гешуры паддзах Талмайы чызг Мааха,


Ӕз хӕхтыл алы маргъы дӕр зонын, быдырты цардудӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр Мӕн сты.


Ӕмӕ ӕрбацыдысты Гедалиамӕ, Мицпамӕ. Уыдоны ’хсӕн уыдысты: Нетаниайы фырт Измаел, Йоханан, Йонатан, Кареахы фырттӕ, Танхуметы фырт Серай, нетофаг Ефаийы фырттӕ ӕмӕ маахайаг Йезани сӕ адӕмимӕ.


Менассиайы фырт Иаир цалдӕр хъӕуы бацахста ӕмӕ сӕ Иаиры хъӕутӕ схуыдта.


Галаадӕй ма цы баззади, йемӕ — Башан ӕнӕхъӕнӕй, паддзах Огы зӕхх, уый та Менассиайы байзӕддӕгты ӕмбисӕн радтон. (Аргов ӕмӕ йӕ алфамбылӕйттӕ иууылдӕр, Башанимӕ иумӕ, раздӕр хуыдтой рефаимты зӕхх.)


Уыцы заман ын йӕ сахартӕ дӕр иууылдӕр басастам; мах кӕй нӕ бацахстам, иу ахӕм дӕр дзы нал баззад — ӕртиссӕдз сахары, Арговы алфамбылӕйттӕ иууылдӕр, Огы паддзахад Башаны.


Йӕ къухы уыдысты Ермоны хох ӕмӕ Салха, стӕй Башан ӕнӕхъӕнӕй дӕр ныгуылӕнӕрдыгӕй Гешуры ӕмӕ Маахайы онг, ноджы ма Галаады цӕгатаг ӕмбис Хешбоны паддзах Сигоны арӕнты онг.


Фӕлӕ израилӕгтӕ Гешуры ӕмӕ Маахайы адӕмы нӕ фӕтардтой, ӕмӕ уыдон абон дӕр цӕрынц израилӕгтимӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ