Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 3:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уӕды заман цы зӕхх байстам, уый Арноны был Ароерӕй райдайы; Галаады хӕхбӕсты ӕмбис ӕд сахартӕ ӕз Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн радтон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 3:12
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Моисей радта Галаад Махиры, Менассиайы фырты, байзӕддӕгтӕн, ӕмӕ уым ӕрбынат кодтой.


Арноны был чи ис, уыцы Ароер ӕмӕ, Арноны дӕлвӕзы цы сахар ис, уырдыгӕй суанг Галаады онг иунӕг сахар дӕр нӕ ныхмӕ лӕууын нӕ бафӕрӕзта — се ’ппӕты дӕр нын нӕ амӕттаг бакодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау.


Ацы ранмӕ куы ’рбацыдыстут, уӕд нӕ ныхмӕ ралӕууыдысты Сигон, Хешбоны паддзах, ӕмӕ Ог, Башаны паддзах, фӕлӕ сӕ мах ныддӕрӕн кодтам.


Сӕ зӕхх сын нӕхи бакодтам ӕмӕ йӕ Рувим ӕмӕ Гады, стӕй Менассиайы байзӕддӕгтӕн се ’мбисы ӕхсӕн байуӕрстам.


Галаадӕй ма цы баззади, йемӕ — Башан ӕнӕхъӕнӕй, паддзах Огы зӕхх, уый та Менассиайы байзӕддӕгты ӕмбисӕн радтон. (Аргов ӕмӕ йӕ алфамбылӕйттӕ иууылдӕр, Башанимӕ иумӕ, раздӕр хуыдтой рефаимты зӕхх.)


Арноны былгӕрон Ароерӕй Сионы хохы онг, Ермон дӕр ма йӕ хонынц.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ