10 уӕлвӕзы сахартӕ иууылдӕр, Галаад ӕмӕ Башан ӕнӕхъӕнӕй — суанг Салха ӕмӕ Едреийы онг (паддзах Огы сахартӕ Башаны).
Бен-Геверы бӕрны уыди галаадаг сахар Рамот, Менассиайы фырт Иаиры цатырхъӕутимӕ, ноджы ма — Арговы зӕхх Башаны, бырутӕй ӕхгӕд ӕртиссӕдз стыр сахаримӕ, сӕ кулдуӕрттӕн — ӕрхуы ӕхгӕнӕнтӕ.
Гады байзӕддӕгтӕ цардысты Башаны зӕххыл, суанг Салхайы онг. Рувимы хӕдзарвӕндагимӕ уыдысты ӕмарӕн.
Уырдыгӕй куы фӕзылдысты, уӕд израилӕгтӕ Башанмӕ фӕндагыл араст сты. Ог, Башаны паддзах, йӕ адӕмимӕ гӕрзифтонгӕй сӕ размӕ рацыд ӕмӕ Едреийы цур семӕ схӕцыд.
Мӕнӕ сты уыцы сахартӕ: Бецер — ӕдзӕрӕг быдыры, дӕлвӕзы, Рувимты хайыл; Рамот — Гилады, Гадты хайыл; Голан — Башаны, Менассиайы мыггаджы хайыл.
Иорданӕн йӕ фаллаг фарс, скӕсӕнӕрдыгӕй цы дӕлвӕз ис, уый дӕр уыдонмӕ хауы суанг Фасгайы рӕбынмӕ, денджызы онг.
Арноны дӕлвӕзы чи ис, уыцы Ароеры сахар, стӕй дӕлвӕзӕн йӕ тӕккӕ астӕу цы сахар ис, уый дӕр; Медевайы онг уӕлвӕз ӕнӕхъӕнӕй,
Маханаимӕй райдай ӕмӕ Башан иууылдӕр, башанаг паддзах Огы бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй Иаиры цатырхъӕутимӕ (ӕртиссӕдз хъӕуы);
Галаады ӕмбис ӕмӕ Башаны паддзах Огы сӕйраг сахартӕ Аштарот ӕмӕ Едреи. Уыцы зӕххытӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Менассиайы фырт Махиры байзӕддӕгты ӕмбисӕн мыггаггай.