Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 3:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Фездӕхтыстӕм ӕмӕ Башанмӕ фӕндагыл ацыдыстӕм; Ог, Башаны паддзах, йе ’ппӕт ӕфсадимӕ нӕ ныхмӕ хӕстмӕ ралӕууыд Едреийы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 3:1
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Урийы фырт Геверы бӕрны уыди Галаады зӕхх, раздӕр аморӕгты паддзах Сигон ӕмӕ Башаны паддзах Огы зӕххытӕ кӕм уыдысты, уый. Адоны хъауджыдӕр ӕгас Иудейы зӕххӕн уыдис иунӕг бӕстыхицау.


Ды сын сӕ бар бакодтай паддзахӕдтӕ ӕмӕ адӕмты, байуӕрстай сын зӕхх, ӕмӕ бацахстой Сигоны, Хешбоны паддзахы, зӕххытӕ, стӕй Башаны паддзах Огы зӕххытӕ.


Уый уыди, Хешбоны хицауиуӕг чи кодта, аморӕгты уыцы паддзах Сигон ӕмӕ, Аштарот ӕмӕ Едреи кӕй къухы уыдысты, Башаны уыцы паддзах Ог саст куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ.


Сигон йе ’ппӕт адӕмимӕ нӕ ныхмӕ ралӕууыд Йахацы.


Ацы ранмӕ куы ’рбацыдыстут, уӕд нӕ ныхмӕ ралӕууыдысты Сигон, Хешбоны паддзах, ӕмӕ Ог, Башаны паддзах, фӕлӕ сӕ мах ныддӕрӕн кодтам.


Ӕмӕ мын загъта Дунедарӕг: „Ма дзы тӕрс. Ӕз дын ӕй йе ’ппӕт ӕфсад ӕмӕ йӕ бӕстӕимӕ дӕ къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ Сигонӕн, аморӕгты паддзахӕн, Хешбоны хицауиуӕг чи кодта, уымӕн куыд бакодтай, амӕн дӕр афтӕ бакӕндзынӕ“.


Аморӕгты паддзӕхтӕ Сигон ӕмӕ Огӕн, стӕй сӕ бӕстӕйӕн куыд бакодта, афтӕ фесафдзӕн Дунедарӕг уыцы адӕмты дӕр.


Йӕ бӕстӕ йын, стӕй ма йемӕ ноджы Башаны паддзах Огы бӕстӕ дӕр сӕхи бакодтой. Уыцы дыууӕ амораг паддзахы зӕххытӕ сӕхи айтыгътой Иорданӕй хурыскӕсӕнӕрдӕм,


Израилӕгтӕ Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм, стӕй Арноны тӕрфӕй суанг Ермоны хохы онг ӕмӕ Иорданы дӕлвӕзы скӕсӕйнаг фарс цы бӕстӕтӕ бацахстой, уыдонӕн сӕ паддзӕхтӕ, Израилы ӕфсад кӕй басаста, уыдон, хуындысты Сигон ӕмӕ Ог.


Башаны паддзах Ог, рефаимты баззайӕггӕгтӕй, цардис Аштароты ӕмӕ Едреийы.


Маханаимӕй райдай ӕмӕ Башан иууылдӕр, башанаг паддзах Огы бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй Иаиры цатырхъӕутимӕ (ӕртиссӕдз хъӕуы);


стӕй Иорданы фаллаг фарс дыууӕ амораг паддзахӕн — Хешбоны паддзах Сигонӕн ӕмӕ, Аштароты чи царди, Башаны уыцы паддзах Огӕн — цытӕ бакодта, уыдӕттӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ