9 Ацы фидыды сӕрты ма хизут, бӕстон ӕй ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй уӕ алы хъуыддаг дӕр рӕстмӕ уа.
Ма рох кӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, домӕнтӕ, Йӕ амынд фӕндӕгтыл цу. Ӕххӕст Ын кӕн Йӕ уагӕвӕрдтӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ амындтытӕ ӕмӕ Йӕ уынаффӕтӕ, Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ. Уӕд дын фадат фӕуыдзӕни, цӕмӕй дӕ къухы ӕфтой алы хъуыддаг, алы фӕнд дӕр.
Иудейӕгтӕ иууылдӕр лӕууыдысты Дунедарӕджы раз, ӕд сабитӕ, ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд фырттӕ.
Цыдӕриддӕр-иу сфӕнд кодта — Хуыцауы Кувӕндонӕн балӕггад кӕнын, Ӕгъдау ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ сӕххӕст кӕнын — алы хъуыддаджы дӕр агуырдта Хуыцауы ӕмӕ архайдта зӕрдиагӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыди ӕнтыстджын.
Сӕ къухтӕ сты фыдракӕндтӕм ӕмхиц, сӕ рахиз къухтӕ — йемыдзаг гӕртӕмттӕй.
Сионмӕ агурдзысты фӕндаг, се ’ргом ӕм раздахдзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ацӕуӕм ӕмӕ Дунедарӕгимӕ, ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕнусон фидыдӕй баиу уӕм“.
Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы дзырдмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».
Адон сты, Дунедарӕг Моисейӕн израилӕгтимӕ Моавы цы фидыд саразын бафӕдзӕхста, уый домӕнтӕ, — Дунедарӕг Хоревы рӕбын семӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыдӕн уӕлӕмхасӕн.
Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, раз лӕуут ныртӕккӕ сымах уе ’ппӕт дӕр: мыггӕгты фӕтӕгтӕ, уӕ хистӕртӕ, уӕ цӕстдарджытӕ, ӕппӕт израилӕгтӕ,
Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы — нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты, сабиты, уӕ сахарты цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгты, цӕмӕй хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной, цӕмӕй тӕрсой Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ ацы Ӕгъдау бӕстон ӕххӕст кӕной.
Рох уӕ макуы уӕнт ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Уӕд уын ӕппӕт адӕмтӕ фендзысты уӕ куырыхон зонд; ацы уагӕвӕрдтӕ фехъусгӕйӕ, зӕгъдзысты: „Куыд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын сты ацы стыр адӕм!“
Нӕ фыдӕлтимӕ нӕ сарӕзта уыцы фидыд Дунедарӕг, фӕлӕ немӕ, абон цардӕгас чи у, ӕппӕт уыдонимӕ.
Уӕдӕ фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Дӕхи хъар, Мӕ цагъар Моисей дын цы Ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл! Мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахиз, мадӕр галиуӕрдӕм, ӕмӕ уӕд дӕ аразинӕгтӕ иууылдӕр дӕ къухы ӕфтдзысты.
Ӕгъдауы чиныджы дзырд дӕ былалгъыл уӕд иудадзыг, фӕлхат ӕй кӕн бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр, иууылдӕр сӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕн, — уӕд уыдзынӕ фӕрнӕйдзаг ӕмӕ ӕнтыстджын.
Израилы хӕдзарвӕндӕгты се ’ппӕты дӕр Йешуа ӕрӕмбырд кодта Шехеммӕ, уыимӕ фӕсидт Израилы хистӕртӕм, дзыллӕйы хицӕуттӕм, тӕрхонгӕнджытӕм ӕмӕ хъусдарджытӕм, ӕмӕ иууылдӕр ӕрлӕууыдысты Хуыцауы раз.
Моисей цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕй ӕппӕт Израилы дзыллӕтӕн — суанг сылгоймӕгтӕн, сывӕллӕттӕн, се ’хсӕн чи цардис, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕн — Йесо цы нӕ бакаст, ахӕм нал баззади.