8 Сӕ зӕхх сын нӕхи бакодтам ӕмӕ йӕ Рувим ӕмӕ Гады, стӕй Менассиайы байзӕддӕгтӕн се ’мбисы ӕхсӕн байуӕрстам.
Ма рох кӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, домӕнтӕ, Йӕ амынд фӕндӕгтыл цу. Ӕххӕст Ын кӕн Йӕ уагӕвӕрдтӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ амындтытӕ ӕмӕ Йӕ уынаффӕтӕ, Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ. Уӕд дын фадат фӕуыдзӕни, цӕмӕй дӕ къухы ӕфтой алы хъуыддаг, алы фӕнд дӕр.
Уый Йӕ къухӕй, Йӕ хъомысджын къухӕй стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;
Мах гӕрзифтонгӕй Дунедарӕджы раз ацӕудзыстӕм Ханааны бӕстӕм, ӕмӕ нын Иорданӕн йӕ ацы фарс хай уӕд».
Ӕмӕ радта Моисей Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕн, стӕй Йосефы фырт Менассиайы байзӕддӕгты ӕрдӕгӕн аморӕгты паддзах Сигоны ӕмӕ Башаны паддзах Огы бӕстӕтӕ сӕ сахартӕ ӕмӕ алфамбылай зӕххытимӕ.
Уӕхимӕ кӕсут уӕдӕ, ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кӕнут: рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзилут.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы фӕндӕгтыл цӕуын бафӕдзӕхста, уыцы фӕндӕгтыл цӕут, цӕмӕй сӕрӕгас ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй бирӕ фӕцӕрат, уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.
Уӕдӕ фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Дӕхи хъар, Мӕ цагъар Моисей дын цы Ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл! Мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахиз, мадӕр галиуӕрдӕм, ӕмӕ уӕд дӕ аразинӕгтӕ иууылдӕр дӕ къухы ӕфтдзысты.
Ӕгъдауы чиныджы дзырд дӕ былалгъыл уӕд иудадзыг, фӕлхат ӕй кӕн бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр, иууылдӕр сӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕн, — уӕд уыдзынӕ фӕрнӕйдзаг ӕмӕ ӕнтыстджын.