7 Ацы ранмӕ куы ’рбацыдыстут, уӕд нӕ ныхмӕ ралӕууыдысты Сигон, Хешбоны паддзах, ӕмӕ Ог, Башаны паддзах, фӕлӕ сӕ мах ныддӕрӕн кодтам.
уӕд мын Дунедарӕг загъта:
Дунедарӕг загъта: „Цӕут ӕмӕ Арноны сӕрты ахизут. Мӕнӕ уын Ӕз уӕ къухмӕ дӕттын Хешбоны паддзах Сигоны, амораджы, стӕй йӕ бӕстӕ дӕр. Фыццаг уал уый басӕттут, схӕцут йемӕ.
Нӕ къухмӕ йӕ радта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фыртты дӕр амардтам, йӕ адӕмы йын се ’ппӕты дӕр ныццагътам.
Уӕды заман цы зӕхх байстам, уый Арноны был Ароерӕй райдайы; Галаады хӕхбӕсты ӕмбис ӕд сахартӕ ӕз Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн радтон.
Галаадӕй ма цы баззади, йемӕ — Башан ӕнӕхъӕнӕй, паддзах Огы зӕхх, уый та Менассиайы байзӕддӕгты ӕмбисӕн радтон. (Аргов ӕмӕ йӕ алфамбылӕйттӕ иууылдӕр, Башанимӕ иумӕ, раздӕр хуыдтой рефаимты зӕхх.)