5 Дыууиссӕдз азы дӕргъы уӕ ӕдзӕрӕг быдыры фӕкодтон, фӕлӕ уӕ дарӕс дӕр нӕ баихсыди уӕ уӕлӕ, ӕмӕ уӕ дзабыртӕ дӕр нӕ баихсыдысты уӕ къӕхтыл.
Дыууиссӕдз азы сӕ фӕхастай ӕдзӕрӕг быдыры, хъуаг ницӕмӕй ӕййӕфтой. Сӕ дарӕс нӕ ихсыди, сӕ къӕхтӕ нӕ рӕсыдысты.
Скӕндзынӕн уӕ Мӕ адӕм ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, Мысыры ӕфсондзы бынӕй уӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау — кӕй ракодтон, уый.
Фараонимӕ куы ныхас кодтой, уӕд Моисейыл цыди цыппарыссӕдз азы, Аароныл та — ӕртӕ ӕмӕ цыппарыссӕдз.
Уӕ цот дыууиссӕдз азы дӕргъы ацы ӕдзӕрӕг быдыры фосы фӕстӕ рахау-бахау кӕндзысты ӕмӕ уын уӕ тӕригъӕд фиддзысты, цалынмӕ ма уӕ иу дӕр удӕгас уа, уӕдмӕ.
нӕдӕр хордзен, нӕдӕр ивӕн дарӕс, нӕдӕр дзабыртӕ, нӕдӕр лӕдзӕг. Уымӕн ӕмӕ кусӕг уый аккаг у, цӕмӕй йын къӕбӕр бахӕрын кӕной.
дыууиссӕдзӕм азы иуӕндӕсӕм мӕйы фыццаг бон Моисей фехъусын кодта израилӕгтӕн, Дунедарӕг ын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ.
Ӕртасын уӕ кӕныны ӕмӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕн уӕ зӕрдӕйы цы бынат ис, уый базоныны охыл уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры цы фӕндагыл фӕкодта, уый уӕ рох ма уӕд.
Фӕлвӕрдта уӕ Уый алы хуызты, стонг заман уын ӕвзарын кодта ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй никуы федтат, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта, цӕмӕй уын равдиса: айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Дунедарӕджы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр.
Уыцы дыууиссӕдз азы дӕргъы уӕ дарӕс дӕр нӕ лӕзӕрыди, уӕ къӕхтӕ дӕр нӕ рӕсыдысты.
Ацы лалымты сӕн куы ныккодтам, уӕд ног уыдысты, ныр мӕнӕ ныскъуыдтӕ сты. Нӕ фӕлыст ӕмӕ нӕ къахыдарӕс дӕр дард фӕндагыл баихсыдысты».
Сӕ къахыдарӕс дӕр уыди ихсыд, ӕмпъызтытӕ, сӕ фӕлыст дӕр бызгъуыр. Сӕ фӕндаггаг къӕбӕр ныххус ӕмӕ згъӕлди.