4 Фӕлӕ уын абоны онг Дунедарӕг нӕдӕр зонд радта, цӕмӕй ӕмбарат, нӕдӕр — цӕстытӕ, цӕмӕй уынат, нӕдӕр — хъустӕ, цӕмӕй хъусат.
Цалынмӕ израилӕгтӕ Ханаанмӕ нӕ бахӕццӕ сты, уӕдмӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры маннӕйӕ цардысты.
Хъусгӕ цы хъус кӕны ӕмӕ уынгӕ цы цӕст кӕны — иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Дунедарӕг сфӕлдыста.
О Дунедарӕг, цӕмӕн нӕ бауагътай Дӕ фӕндаджы иувӕрсты ацӕуын? Цӕмӕн ӕруагътай уый, ӕмӕ Дыл нӕ зӕрдӕ сивӕм, мауал Дӕ тӕрсӕм? Ӕркӕс нӕм, Дӕ цагъартӕм, Дӕхи адӕммӕ!
«Адӕймаджы фырт! Ды цӕрыс хиваст адӕмы ’хсӕн. Ис сын цӕстытӕ уынынӕн, фӕлӕ нӕ уынынц, ис сын хъустӕ дӕр хъусынӕн, фӕлӕ нӕ хъусынц — хивӕнд адӕм сты.
Ӕз уын ратдзынӕн ног зӕрдӕ, ног уд уын бавӕрдзынӕн уӕ мидӕг. Уӕ риуӕй уын дур зӕрдӕ райсдзынӕн ӕмӕ уын сӕрныллӕг зӕрдӕ ратдзынӕн.
Цы дзурын, уый цӕуылнӕ ӕмбарут? Уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ фӕразут.
Абон дӕр ма, Моисейы Ӕгъдау кӕсгӕйӕ, ӕмбӕрзӕн тыгъд у сӕ зӕрдӕтыл.
Уыдонӕн сӕ зонд аныгъуылд талынджы, ӕнӕфенд ӕмӕ дурзӕрдӕ кӕй сты, уый аххосӕй ӕнӕхай фесты, Хуыцау цы цард дӕтты, уымӕй.
Фӕлӕ нӕ Сигон, Хешбоны паддзах, йӕ зӕххыл ацӕуын нӕ бауагъта. Сызнӕт ӕй кодта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, йӕ зӕрдӕ йын ныддур кодта, цӕмӕй уын ӕй уӕ къухмӕ ратта, ӕцӕгдӕр куыд рауадис, афтӕ.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, арфӕ ракодта сымахӕн уӕ алы хъуыддаджы дӕр. Уый уын уӕ фӕндаджы хабӕрттӕ хорз зоны ацы ӕгӕрон ӕдзӕрӕг быдыры. Ныр дыууиссӕдз азы дӕргъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис, ӕмӕ сымах хъуаг ницӕмӕй ӕййафут“.
ныхмӕлӕуджыты ахуыр кӕна ӕвӕлмасӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сын Хуыцау баххуыс кӕна, фӕсмон сӕм ӕрцӕуа ӕмӕ, ӕцӕгад цы у, уый базоной,