Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 29:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Уыйадыл Дунедарӕджы маст рафыхти ацы бӕстӕм ӕмӕ, ацы тухгӕ чиныджы цыдӕриддӕр ӕлгъыстӕй ис, уыдон ыл ӕрцӕуын кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 29:27
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын райдыдтой, зонгӕ дӕр кӕй нӕ кодтой ӕмӕ сын Уый кӕй не снысан кодта, уыцы хуыцӕуттӕм куывтой.


Осиайы паддзахиуӕджы фарӕстӕм аз, бацахста. Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты.


„Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджыты фыдбылызы амӕттаг бакӕндзынӕн, Иудейы паддзах цы чиныг бакаст, уым куыд фыст ис, афтӕ.


Дунедарӕг афтӕ смӕсты ис Йерусалим ӕмӕ Иудейы цӕрджытӕм, ӕмӕ сыл хъоды бакодта. Цедекиа нал уисӕн кодта Вавилоны паддзахӕн.


Ӕппӕт ацы арфӕтӕ ӕмӕ ӕлгъыстытӕ уыл куы ӕрцӕуой, Дунедарӕг уӕ, уӕ Хуыцау, ӕппӕт адӕмты ’хсӕн куы ныххӕлиу кӕна ӕмӕ, се ’хсӕн ӕрцӕргӕйӕ, уӕхи куы ӕрӕмбарат,


Дунедарӕг Израилы ӕрцӕвдзӕн, ӕмӕ уый доны хъеллаугӕнӕг хъӕзы хуызӕн суыдзӕн. Израилы адӕмы сӕ бындзарӕй срӕдувдзӕн ацы сойджын зӕххӕй, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн кӕй радта, уымӕй. Евфраты доны фале сӕ ныххӕлиу кӕндзӕн, сӕхицӕн хъӕдӕй ус-хуыцау Ашерӕйы цӕджындзтӕ кӕй скодтой ӕмӕ уымӕй Дунедарӕджы кӕй смӕсты кодтой, уый тыххӕй.


Вавилоны паддзах сӕ уым, Хаматы зӕххыл, Ривлайы сахары амарын кодта. Афтӕмӕй иудейӕгтӕ тард ӕрцыдысты сӕ бӕстӕйӕ.


О Дунедарӕг, Ды хӕрзгӕнӕг ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ, ӕнӕкӕрон у Дӕ хорзӕх, чи Дӕм кувы, уыдонӕн.


Ӕмӕ адӕм куы фӕрсой: „Ӕппӕт адӕттӕ нын цӕмӕн ӕвзарын кӕны Дунедарӕг, нӕ Хуыцау?“ — уӕд-иу сын дзуапп ратт: „Кӕй Йӕ ныууагътат ӕмӕ уӕхи зӕххыл ӕндӕр хуыцӕуттӕн кӕй лӕггад кодтат, уый тыххӕй ӕцӕгӕлон зӕххыл ӕндӕрбӕстӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ