Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 29:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Израилы мыггӕгты ’хсӕнӕй йӕ рахицӕн кӕндзӕн Дунедарӕг, цӕмӕй йын ацы тухгӕ чиныджы фыст ӕлгъыстытӕ йӕ хай фӕкӕна.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 29:21
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты ӕнусмӕ хъизӕмар кӕнынмӕ, рӕстудтӕ та — ӕнусон цардмӕ».


Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.


Йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ, ӕмӕ иуты фӕхицӕн кӕндзӕн иннӕтӕй, фыййау фысты сӕгътӕй куыд фӕхицӕн кӕны, афтӕ.


ӕгъатырӕй йӕ бафхӕрдзӕн ӕмӕ йын дыдзӕсгӕмтты хал ахӕрын кӕндзӕн. Се ’хсӕнӕй ма йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс хъуысдзӕни.


Ӕмӕ уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыны, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ Йын лӕггад чи нӕ кӕны, уыдоны ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый.


Мӕ къух сисдзынӕн, мӕнг цӕстылуайӕнтӕ чи уыны ӕмӕ фӕлывд рагуацтӕ чи дзуры, уыцы пехуымпартӕм. Уыдон Мӕ адӕмы ’хсӕн нал уыдзысты, Израилы адӕмы хыгъды фыст не ’рцӕудзысты ӕмӕ Израилы зӕхмӕ нӕ бацӕудзысты. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый.


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ куы кӕсат, ацы Ӕгъдауы чиныджы цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ фыст ис, уыдон куы ӕххӕст кӕнат, Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт уды хъаруйӕ уе ’ргом куы раздахат, уӕд.


Ӕз сыл Мӕ фыдбылызтӕ бафтаудзынӕн, Мӕ фӕттӕ сыл схардз кӕндзынӕн.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мӕ судзгӕ маст Йерусалимы цӕрджытыл куыд ныккалд, афтӕ сымахыл дӕр ныккӕлдзӕн, Мысырмӕ куы бацӕуат, уӕд. Ӕлгъитдзысты уӕ, уӕ уындӕй адӕмыл стыр тас ӕфтаудзыстут. Сӕгад уыдзыстут, уӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн, ӕмӕ ацы зӕхх никуыуал фендзыстут».


уӕд Дунедарӕг сымахыл дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтыл дӕр стыр бӕллӕхтӕ ӕруадздзӕн, ӕмӕ сын кӕрон нӕ уыдзӕн, уӕззау ӕмӕ, бирӕ чи хӕссы, ахӕм низтӕ уыл ӕфтаудзӕн ӕдзухдӕр.


Ӕгъдауы чиныджы кӕй тыххӕй нӕй фыст, Дунедарӕг ма уыл ахӕм цӕфтӕ дӕр ӕруадздзӕн, ахӕм низтӕ дӕр ма уыл бафтаудзӕн, ӕмӕ мыггагыскъуыд фӕуыдзыстут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ