12 Абон Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ацы фидыд аразы ӕмӕ йӕ фидар кӕны ӕлгъыстытӕй,
Йехода иудейаг адӕм ӕмӕ паддзахӕн Дунедарӕгимӕ фидыд саразын кодта. Адӕмы сӕйраг хӕс — Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын. Ноджы ма Йехода саразын кодта фидыд паддзах ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр.
Скӕндзынӕн уӕ Мӕ адӕм ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, Мысыры ӕфсондзы бынӕй уӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау — кӕй ракодтон, уый.
Цы фырттӕ ӕмӕ Мын чызджытӕ ныййардтай, уыдоны-иу сын нывондӕн ӕрхастай, цӕмӕй сӕ уыдон аныхъуырой. Хъахбай кӕй уыдтӕ, уый дын ӕгъгъӕд нӕ уыди,
Уыцы зӕхх иууылдӕр Ӕз сымахӕн дӕттын. Цӕут ӕмӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак, Йаков ӕмӕ уыдоны байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый“.
Дунедарӕгӕн загътат сымах абон, уӕ Хуыцау кӕй у, Йӕ фӕндӕгтыл кӕй цӕудзыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕтк, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй ӕххӕст кӕндзыстут, кӕй Йӕм хъусдзыстут.
Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын куы ӕххӕст кӕнат ӕмӕ Йӕ фӕндӕгтыл куы цӕуат, уӕд уӕ Дунедарӕг, куыд уын расомы кодта, афтӕ Йӕ уаз адӕм скӕндзӕн.
сабитӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ, сугсӕттӕгӕй донхӕссӕджы онг.
цӕмӕй уӕ Йӕ адӕм схона, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн куыд басомы кодта, афтӕ уӕ Хуыцау уа.
Канд сымахмӕ нӕ хауы ацы фидыд, ӕлгъыстытӕй фидаргонд чи у, уый:
Йешуа уыцы бон адӕмимӕ бафидыдта, уым сын, Шехемы сахары, радта Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ.