11 сабитӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ, сугсӕттӕгӕй донхӕссӕджы онг.
Ӕмӕ семӕ ацыд. Иорданы былгӕрон бӕлӕстӕ цӕгъдын куы райдыдтой,
Афтӕмӕй Дунедарӕгимӕ, сӕ фыдӕлты Хуыцауимӕ, фидыд сарӕзтой ӕмӕ дзырд радтой, сӕ уд, сӕ зӕрдӕ кӕй хъардзысты кад Ын кӕныныл,
Йехода йӕхӕдӕг дӕр фидыды ард бахордта, стӕй фидыды ард адӕм ӕмӕ паддзахӕн дӕр бахӕрын кодта — Дунедарӕджы адӕм кӕй уыдзысты.
сӕ чызджыты ӕцӕгӕлон адӕмтӕм моймӕ кӕй нӕ дӕтдзысты ӕмӕ сын сӕ чызджыты та сӕ фырттӕн кӕй нӕ курдзысты;
Ӕндӕрбӕстӕгтӕй дӕр семӕ бирӕ уыд. Семӕ уыди тынг бирӕ фос — фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ, стуртӕ.
Цы фырттӕ ӕмӕ Мын чызджытӕ ныййардтай, уыдоны-иу сын нывондӕн ӕрхастай, цӕмӕй сӕ уыдон аныхъуырой. Хъахбай кӕй уыдтӕ, уый дын ӕгъгъӕд нӕ уыди,
Ӕндӕрмыггаг адӕмтӕй семӕ чи бамбал ис, уыдонӕн сӕ зӕрдӕ алцытӕ агуырдта, ӕмӕ та уыдонмӕ гӕсгӕ ногӕй сдзынӕзтой израилӕгтӕ дӕр: «Ныр дзидзайы комдзаг дӕ дзыхы акӕн!
Ныр нал ис нӕдӕр иудейаг, нӕдӕр муртаттаг, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр баиу стут Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.
Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, раз лӕуут ныртӕккӕ сымах уе ’ппӕт дӕр: мыггӕгты фӕтӕгтӕ, уӕ хистӕртӕ, уӕ цӕстдарджытӕ, ӕппӕт израилӕгтӕ,
Абон Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ацы фидыд аразы ӕмӕ йӕ фидар кӕны ӕлгъыстытӕй,
Ӕвдӕм бон та — сабат; уый Дунедарӕджы у, дӕ Хуыцауы. Мацы куыст кӕн: ды дӕр, дӕ фырт дӕр, дӕ чызг дӕр, дӕ цагъар дӕр (нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг), дӕ гал, дӕ хӕрӕг, дӕ алы фос дӕр, дӕ фарсмӕ цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг дӕр. Дӕуау сӕ фӕллад суадзӕнт дӕ цагъартӕ дӕр сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй.
Ныр муртаттаг уай, иудейаг уай, сунӕтгонд уай, ӕнӕсунӕтгонд уай, талынг адӕмтӕй уай, скиф уай, цагъар уай, сӕрибар уай — уӕлдай нал у. Ӕппӕт дӕр у Чырысти, алкӕй зӕрдӕйы дӕр Уый цӕры.
Йешуа уыцы бон адӕмимӕ бафидыдта, уым сын, Шехемы сахары, радта Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ.
Моисей цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕй ӕппӕт Израилы дзыллӕтӕн — суанг сылгоймӕгтӕн, сывӕллӕттӕн, се ’хсӕн чи цардис, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕн — Йесо цы нӕ бакаст, ахӕм нал баззади.