Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 29:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, раз лӕуут ныртӕккӕ сымах уе ’ппӕт дӕр: мыггӕгты фӕтӕгтӕ, уӕ хистӕртӕ, уӕ цӕстдарджытӕ, ӕппӕт израилӕгтӕ,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 29:10
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иудейӕгтӕ иууылдӕр лӕууыдысты Дунедарӕджы раз, ӕд сабитӕ, ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд фырттӕ.


Йехода йӕхӕдӕг дӕр фидыды ард бахордта, стӕй фидыды ард адӕм ӕмӕ паддзахӕн дӕр бахӕрын кодта — Дунедарӕджы адӕм кӕй уыдзысты.


Иннӕ адӕм: сауджынтӕ, левиттӕ, дуаргӕстӕ, зарӕггӕнджытӕ, Кувӕндоны кусджытӕ — ӕндӕрбӕстаг адӕмтӕй чи фӕхицӕн ӕмӕ Хуыцауы Ӕгъдау чидӕриддӕр райста, уыдон ӕд устытӕ ӕмӕ, сӕ цотӕй ӕмбарынхъом чи уыди, уыцы лӕппутӕ ӕмӕ чызджытимӕ.


Уыйадыл сауджын Езра ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон чиныг рахаста дзыллӕмӕ: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмбырдмӕ, ӕмбарынхъом чи у, ӕппӕт уыдонмӕ.


Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй мах аразӕм бардзырд, йӕ быны сӕ къухтӕ ӕвӕрынц ӕмӕ фыст афтӕмӕй фидар кӕнынц нӕ фӕтӕгтӕ, левиттӕ ӕмӕ сауджынтӕ».


сабитӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ, сугсӕттӕгӕй донхӕссӕджы онг.


Ацы фидыды сӕрты ма хизут, бӕстон ӕй ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй уӕ алы хъуыддаг дӕр рӕстмӕ уа.


Уыцы бон Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, лӕууыдыстут Хоревы рӕбын, ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: „Адӕмы Мӕм ӕрӕмбырд кӕн, ӕмӕ сын Ӕз Мӕ ныхас фехъусын кӕндзынӕн, цӕмӕй сӕм цӕргӕбонты зӕххыл Мӕнӕй тас уа ӕмӕ сӕ цоты дӕр ууыл ахуыр кӕной“.


Моисей цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕй ӕппӕт Израилы дзыллӕтӕн — суанг сылгоймӕгтӕн, сывӕллӕттӕн, се ’хсӕн чи цардис, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕн — Йесо цы нӕ бакаст, ахӕм нал баззади.


Уадз ӕмӕ цӕрӕнт, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ суг сӕттӕнт ӕмӕ дон хӕссӕнт ӕгас дзыллӕйӕн». Ӕмӕ адӕм сӕ хицӕуттимӕ сразы сты.


Чи амарди, уыдоны — хуымӕтӕгты ӕмӕ номдзыдты — федтон паддзахы бадӕны раз лӕугӕ. Чингуытӕ гом уыдысты, гом уыд ӕндӕр чиныг дӕр — царды чиныг. Мӕрдтӕ тӕрхонгонд ӕрцыдысты, чингуыты дзы кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ фыст уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ.


Зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ стыр хицӕуттӕ, ӕфсӕддон разамонджытӕ ӕмӕ хъӕздгуытӕ, тыхджынтӕ, алы цагъар ӕмӕ алы сӕрибар дӕр бамбӕхстысты лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты — къӕдзӕхты ӕхсӕн.


Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕм Дунедарӕг Йӕхи дарддӕр дӕр ӕргом кодта Силомы.


Самуелы дзырд ахадыдта ӕппӕт Израилы дӕр. Уыцы рӕстӕг филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд сты Израилимӕ схӕцынмӕ. Израилӕгтӕ дӕр рацыдысты сӕ ныхмӕ ӕмӕ рӕсӕнуат ӕркодтой Евен-Езеры рӕбын. Ныр филистимӕгты рӕсӕнуат та Афекы цур уыди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ