7 Дунедарӕг уын лидзӕг фӕкӕндзӕн уе знӕгты: иу фӕндагыл уӕ ныхмӕ ралӕудзысты, авд фӕндагыл та уӕ разӕй лидздзысты.
Изӕрмилты араст сты сириӕгты асадӕны ’рдӕм. Йӕ дӕлбазырмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд дын кӕсынц, ӕмӕ дзы цъиуызмӕлӕг дӕр нӕ.
Иосафат царди Йерусалимы, фӕлӕ та иуахӕмы ӕрзылди бӕстӕйыл, Беер-Шевӕйӕ Ефремы хӕхбӕсты онг. Адӕмы се ’ппӕты дӕр Дунедарӕгмӕ, сӕ фыдӕлты Хуыцаумӕ, здӕхта.
Дунедарӕг уӕ лидзӕг фӕкӕндзӕни уе знӕгты разӕй: иу фӕндагыл сӕ ныхмӕ ралӕудзыстут, авд фӕндагыл та сӕ разӕй лидздзыстут. Уӕ хъысмӕтӕй ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр ныккӕрздзысты.
Арфӕгонд уыдзӕн дӕ рацыд ӕмӕ дӕ бацыд.
Арфӕгонд уыдзысты Дунедарӕгӕй уӕ хордӕтты бӕркад ӕмӕ уӕ алы къухвӕллой, арфӕгонд уыдзыстут алцӕмӕй дӕр, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым.
Сӕ Хъахъхъӕнӕджы куынӕ бафӕндыдаид, Дунедарӕг сӕ куынӕ раттаид, уӕд ма искуыдӕр афтӕ уыдис, ӕмӕ иу адӕймаг мины йӕ разӕй айса, дыууӕйӕ та дӕс мины лидзӕг фӕкӕной?“
Иу ныббырстӕй Йешуа басаста ӕппӕт паддзӕхты дӕр ӕмӕ сын бацахста сӕ зӕххытӕ. Уый Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцыд Израилы адӕмы сӕрыл.
Сымахӕй иу лӕг йӕ хъӕлӕсы ахӕссы мин фыдгулы, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд дзырдта, афтӕ Йӕхӕдӕг хӕцы уӕ фарс.
Сахар чи бацахста, уыдон дӕр сӕм фӕстӕты ралӕбурдтой, ӕмӕ гайӕгтӕ цъысымы бахаудысты. Ахӕм цагъд сын ныккодтой израилӕгтӕ, ӕмӕ дзы иу дӕр ӕгасӕй нал баззад, иуӕн дӕр дзы алидзын нӕ бантыст.