Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:64 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

64 Зӕххы цъары иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ уӕ ныххӕлиу кӕндзӕн Дунедарӕг дунейы ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр кӕмӕн ницы зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр ӕнӕзонгӕ чи уыдысты, уыцы хуыцӕуттӕн — дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн — лӕггад кӕндзыстут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:64
27 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сымах та адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ кардимӕ сурдзынӕн. Сафтид уыдзӕн уӕ зӕхх, уӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты.


Уый тыххӕй уӕ Ӕз ацы зӕххӕй, нӕдӕр уӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр уӕхӕдӕг кӕй зыдтат, уыцы бӕстӕм фӕсурдзынӕн. Ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕм кувдзыстут, уымӕн ӕмӕ уын Ӕз нӕ ныххатыр кӕндзынӕн.


Фӕлӕ ма Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Дӕ цагъар Моисейӕн кӕй загътай, уыцы ныхас — гадзрахатӕй, дам, куы рацӕуат Мӕныл, уӕд уӕ Ӕз ныххӕлиу кӕндзынӕн адӕмты ’хсӕн; кӕд ӕмӕ Мӕм фӕстӕмӕ раздӕхат ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ уӕ зӕрдыл дарат ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнат, уӕд та уӕ арвы кӕрӕттӕй дӕр иумӕ ӕрбамбырд кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ Ме ’взӕрст бынатмӕ ӕркӕндзынӕн, цӕмӕй дзы Мӕ ном ӕрцӕра.


Уӕхи дӕр ӕмӕ, уӕхицӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрат, уый дӕр Дунедарӕг акӕндзӕни, сымах дӕр кӕй нӕ зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, ахӕм адӕмы ’хсӕнмӕ, ӕмӕ уыцы ран ӕндӕр хуыцӕуттӕн — бӕлӕстӕ ӕмӕ дуртӕн — лӕггад кӕндзыстут.


Кардылӕфтыд фӕуыдзысты ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты, алы бӕстӕтӕм сӕ уацары фӕкӕндзысты. Муртаттӕгтӕ Йерусалимы сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.


Израил у дзӕгъӕл фысты рӕгъау, домбӕйттӕ йӕ алырдӕмты фӕсырдтой. Раздӕр ӕй хордта Ассирийы паддзах, фӕлӕ йын ацы фӕстаг, Вавилоны паддзах Навуходоносор, йе стджытӕ дӕр бахсыдта.


Гъеныр мӕ сурыс а зӕххӕй, ӕмӕ цӕуын, нал Дӕм равдисдзынӕн мӕхи. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕн мӕ цард. Чидӕриддӕр мыл амбӕла — амардзӕн мӕ».


Ӕрфӕрсут-ма раздӕры заманты тыххӕй, уӕ размӕ, Хуыцау зӕххыл адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ цы уыди, уыдӕттӕй, кӕддӕра арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ искуы ахӕм стыр диссаг ӕрцыди, ахӕмӕй исты фехъуыстӕуыд?


ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын райдыдтой, зонгӕ дӕр кӕй нӕ кодтой ӕмӕ сын Уый кӕй не снысан кодта, уыцы хуыцӕуттӕм куывтой.


Ӕппӕт ацы арфӕтӕ ӕмӕ ӕлгъыстытӕ уыл куы ӕрцӕуой, Дунедарӕг уӕ, уӕ Хуыцау, ӕппӕт адӕмты ’хсӕн куы ныххӕлиу кӕна ӕмӕ, се ’хсӕн ӕрцӕргӕйӕ, уӕхи куы ӕрӕмбарат,


Нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн нӕ, фӕлӕ дӕлимонтӕн, ӕрӕджы чи фӕзындис ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы гуымирытӕн хастой.


Бӕргӕ сӕ ныццӕгъдин Ӕз, адӕмы ’хсӕн сӕ кой дӕр нал уаид,


Осиайы паддзахиуӕджы фарӕстӕм аз, бацахста. Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты.


Вавилоны паддзах сӕ уым, Хаматы зӕххыл, Ривлайы сахары амарын кодта. Афтӕмӕй иудейӕгтӕ тард ӕрцыдысты сӕ бӕстӕйӕ.


Байхъус, чызг, кӕс ӕмӕ хъус лӕмбынӕг, ферох кӕн дӕ адӕмы, дӕ фыды хӕдзар.


Дунедарӕг адӕмы фӕсурдзӕн, ӕмӕ ацы зӕхх ныззаууат уыдзӕн бынтондӕр.


Сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн, цалынмӕ бынтондӕр сыскъуыйой, уӕдмӕ сӕ кардимӕ сурдзынӕн».


Де знӕгтимӕ дӕ, цы бӕстӕ нӕ зоныс, уырдӕм арвитдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ маст ссыгъди, пиллон артау судзы!»


Уӕ, сурынц иудейӕгты сӕ зӕххӕй! Цагъартӕ сты, о, сау бон сыл куы ’ркодта! Ӕцӕгӕлӕтты ’хсӕн ӕмбӕхсынц, ӕнцой нӕ арынц, баййӕфтой сӕ знӕгтӕ! Уӕ, додойаг куы фесты!


Ӕцӕг, ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ къух уӕлӕмӕ систон ӕмӕ расомы кодтон, кӕй сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн алы бӕстӕтыл, алы адӕмтыл.


Ныххӕлиу сӕ кодтон алы бӕстӕты, алы адӕмтыл; стӕрхон сын кодтон сӕ фӕндӕгтӕм, сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.


Кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кодтон, сӕ фӕстӕ ацы зӕхх гӕныстонмӕ ’рцыди. Иунӕг цӕуӕг ыл нал баззад, бӕллиццаг зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой».


ма сразы у йемӕ, ма йӕм хъус, ма йын тӕригъӕд кӕн, ма йыл ауӕрд ӕмӕ йӕ ма раст кӕн.


Ӕз бардзырд ратдзынӕн, ӕмӕ Израилы адӕмы, мӕнӕу сыхырнайы куыд балуарынц, афтӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзысты, ӕмӕ дзы иу дур дӕр нӕ ахиздзӕн.


Дунедарӕг зӕгъы: „Цин кӕн, Сионы чызг! Уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ де ’хсӕн ӕрцӕрдзынӕн“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ