6 Арфӕгонд уыдзӕн дӕ рацыд ӕмӕ дӕ бацыд.
Зонгӕ йӕ куы кӕныс, Неры фырт Авнер дӕ афӕливынмӕ хъавы, хъуамӕ дын дӕ ацыд ӕмӕ ӕрбацыд сбӕлвырд кӕна, дӕ фӕндтӕ дын базона».
ӕмӕ Дӕ курын, куырыхон зонд ӕмӕ мын зонындзинӕдтӕ ратт, цӕмӕй ацы адӕмӕн разамынд дӕттынмӕ сарӕхсон. Науӕд кӕй бон суыдзӕн Дӕ бирӕ адӕмӕн хицауиуӕг кӕнын?»
Ме ’фсымӕрты, мӕ хиуӕтты сӕрвӕлтау дын зӕгъын: «Фарн дӕм уӕд!»
Ӕмӕ загъта Хуыцау Балаамӕн: «Ма ацу семӕ; ма фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ арфӕгонд сты».
балцы цӕугӕйӕ дӕр ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ дӕр сӕ разӕй чи цӕуа, йӕ фӕдыл кӕнын сӕ йӕ бон кӕмӕн уа ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ дӕр чи ’рбакӕна, цӕмӕй Дунедарӕджы дзыллӕ ӕнӕфыййау дзуджы хуызӕн ма уа».
Ӕлгъыст уыдзӕн дӕ рацыд ӕмӕ дӕ бацыд.
Арфӕгонд уыдзысты дӕ чыргъӕд ӕмӕ дӕ арынг.
Дунедарӕг уын лидзӕг фӕкӕндзӕн уе знӕгты: иу фӕндагыл уӕ ныхмӕ ралӕудзысты, авд фӕндагыл та уӕ разӕй лидздзысты.
уӕд ма сын ноджы загъта: «Сӕдӕ дыууын азы мыл цӕуы ныр. Цӕуынтӕн нал дӕн. Дунедарӕг мын загъта: „Иорданы сӕрты нӕ ахиздзынӕ ды“.