Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:56 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

56 Йӕ фыр буцӕй ӕмӕ йӕ фыр хъалӕй зӕххыл дӕр чи нал хӕцыд, уыцы сылгоймаг бирӕгъы каст кӕндзӕни йӕ моймӕ, йӕ лӕппу ӕмӕ йӕ чызгмӕ;

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:56
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг загъта: «Сионы чызджытӕ ӕгӕр хъал сты, фервӕссыдысты сӕхиуыл. Сӕ сӕртӕ бӕрзӕндты хӕсгӕйӕ, рацӕйцӕуынц ӕмӕ сӕ цӕстӕнгасӕй цырен кӕнынц монцтӕ. Куы рацӕйсирынц, уӕд сӕ къӕхты фӕлындӕнтӕ дзыгъал-мыгъул кӕнын байдайынц.


Дӕ паддзахы бадӕнӕй ӕрхиз, ӕнӕрцӕф ӕхсин Вавилон, ӕмӕ рыджы сбад зӕххыл, Халдейы чызг. Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты тӕнтъихӕг ӕмӕ буцхаст.


Ӕз фесафдзынӕн Сионы чызджы, буцхаст ӕмӕ рӕсугъд чи у, уый.


Фӕлмӕн ныййарджытӕ сӕ хъӕбулты фыцынц! Уӕ, ноггуырд сабитӕ куы систы хойраг! Уӕ, сӕфынц мӕ адӕм!


Уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм адӕймаджы? О, фӕлӕ зынаргъ дарӕс чи дары, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц.


Хъал цардыл ахуыр чи уыди, уыцы уӕздан лӕг бирӕгъы каст кӕндзӕни йе ’фсымӕрмӕ, йӕ бинойнагмӕ, ӕгас ма йын чи уа, уыцы хъӕбултӕм.


Йӕ хъӕбулты фыдӕй никӕмӕн бахай кӕндзӕн, йӕхӕдӕг ыл рабаддзӕн, уымӕн ӕмӕ уӕ сӕргой фӕкӕндзысты уе знӕгтӕ, уӕ сахартӕ иууылдӕр цъысымы бахаудзысты, ӕмӕ уын ӕндӕр бахӕринаг ницы уыдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ