46 Уӕхицӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр уыцы ӕлгъыстытӕ ӕвдисӕйнаг ӕмӕ рагфӕдзӕхст уыдзысты тъымы-тъымамӕ.
Мӕнӕ ӕз ӕмӕ мын Дунедарӕг кӕй радта, уыцы хъӕбултӕ. Мах Израилӕн стӕм ӕвдисӕйнӕгтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Сионы хохыл цӕрӕгӕй. Мах стӕм Сионы хохыл цӕрӕг Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ рагнысӕнттӕ Израилӕн.
Ӕз ацы сахар сафтид кӕндзынӕн ӕмӕ йӕ худинаджы бын фӕкӕндзынӕн. Йӕ цурты чидӕриддӕр ацӕуа, уый-иу, йӕ цӕфтӕм кӕсгӕйӕ, стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ ныкъкъуыззит кӕндзӕн.
Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахартӕн, сӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ уӕздӕттӕн — цӕмӕй сафтид уой ӕмӕ сӕ уындӕй алкӕй тасы ’фтауой, хынджылӕггаг ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕуой, ӕмӕ уыдӕттӕ ныридӕгӕн ӕвзарынц;
Ӕз Ме ’ргом уыцы адӕймаджы ныхмӕ сараздзынӕн ӕмӕ йын йӕ кой ӕмбисондӕн куыд хӕссой, ахӕм ми йын бакӕндзынӕн. Мӕ адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.
Цы адӕмтӕм фӕцыдысты, уыдоны раз Мын фегад кодтой Мӕ уаз ном, уымӕн ӕмӕ уыцы адӕмтӕ дзырдтой: „Дунедарӕджы адӕм сты адон, Йӕ зӕххӕй сӕ фӕсырдтой.“
Худдзысты дыл ӕмӕ дын фидис кӕндзысты, сӕ кӕрӕдзийы рагацау фӕдзӕхсдзысты ӕмӕ ӕвирхъау тас бахӕцдзӕни дӕ алыварс адӕмтыл, Мӕ карз тӕрхоны азар дыл куы ныххуырсон, уӕд. Уый загътон Ӕз, Дунедарӕг.
Ӕмӕ уӕд зӕхх фӕйнӕрдӕм фӕцыд ӕмӕ сӕ аныхъуырдта. Корахимӕ йӕ хъузӕттӕ дӕр бабын сты. Дыууӕсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы басыгъдысты арты — цыдӕр кӕй ӕрцӕудзӕн, уый ӕвдисӕг рагфӕдзӕхст.
Сӕ хабӕрттӕ махӕн зонды хос сты, ӕмӕ сӕ ныффыстӕуыд, цӕмӕй махӕн, рӕстӕджы кӕрон цӕрджытӕн, рагфӕдзӕхст суой.
Дунедарӕг уӕ цы адӕмтӕм фӕкӕна, уыдон-иу уӕ хъысмӕтӕй ныккӕрздзысты, ӕмбисондӕн уӕ хӕсдзысты ӕмӕ уыл худдзысты.
уӕд Дунедарӕг сымахыл дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтыл дӕр стыр бӕллӕхтӕ ӕруадздзӕн, ӕмӕ сын кӕрон нӕ уыдзӕн, уӕззау ӕмӕ, бирӕ чи хӕссы, ахӕм низтӕ уыл ӕфтаудзӕн ӕдзухдӕр.
Ахӕм адӕймагӕн Дунедарӕг нӕ ныххатыр кӕндзӕн, Йӕ маст пиллон артау ссудздзӕн уыцы адӕймагмӕ, ацы чиныджы ӕлгъыстытӕ йыл ӕрцӕудзысты, ӕмӕ арвы бын йӕ кой дӕр нал фӕзындзӕн.
Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъди, ӕмӕ сӕ ӕндӕр бӕстӕм фӕсырдта сӕ зӕххӕй, ныронг дӕр уым сты“.