Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Уӕхи дӕр ӕмӕ, уӕхицӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрат, уый дӕр Дунедарӕг акӕндзӕни, сымах дӕр кӕй нӕ зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, ахӕм адӕмы ’хсӕнмӕ, ӕмӕ уыцы ран ӕндӕр хуыцӕуттӕн — бӕлӕстӕ ӕмӕ дуртӕн — лӕггад кӕндзыстут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:36
31 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сахары ма цы адӕм баззади, уыдоны, вавилойнаг паддзахы къухмӕ йӕхи чи радта, уыдонимӕ хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан акодта Вавилонмӕ.


Вавилоны паддзах сӕ уым, Хаматы зӕххыл, Ривлайы сахары амарын кодта. Афтӕмӕй иудейӕгтӕ тард ӕрцыдысты сӕ бӕстӕйӕ.


Ӕмӕ сыл уӕд Ассирийы паддзахы ’фсады хицӕутты бафтыдта, ӕмӕ уыдон Менассиайыл хъадамантӕ скодтой, рӕхыстӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Вавилонмӕ акодтой.


Иудейы дзыллӕ Йерусалимы сахары Иосиайы бӕсты паддзахӕй расидтысты йӕ фырт Иоахазы.


Халдейаг паддзахы сыл сардыдта, ӕмӕ сын уый се ’взонг лӕппуты Кувӕндоны мидӕг кардӕй ныццагъта. Никӕуыл бацауӕрста: лӕппуйӕ, чызгӕй, хистӕрӕй, урссӕр зӕрондӕй се ’ппӕты дӕр ын Хуыцау радта йӕ къухмӕ.


Кардӕй чи аирвӕзт, уыдоны та Навуходоносор уацары атардта Вавилонмӕ, ӕмӕ йын уым цагъартӕ уыдысты йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, цалынмӕ Персы паддзахад йӕ тыхы нӕ бацыди, уӕдмӕ.


Ӕмӕ йӕм Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕрбабырста, хъадамантӕ йыл скодта ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодта.


Цы фырттӕ ма дын рантыса, уыдоны дӕр дын ахӕсдзысты Вавилонмӕ ӕмӕ сӕ уым паддзахы галуаны бафтаудзысты лӕггад кӕныныл».


Де знӕгтимӕ дӕ, цы бӕстӕ нӕ зоныс, уырдӕм арвитдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ маст ссыгъди, пиллон артау судзы!»


Уый тыххӕй уӕ Ӕз ацы зӕххӕй, нӕдӕр уӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр уӕхӕдӕг кӕй зыдтат, уыцы бӕстӕм фӕсурдзынӕн. Ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕм кувдзыстут, уымӕн ӕмӕ уын Ӕз нӕ ныххатыр кӕндзынӕн.


Паддзах Цедекиайӕн йӕ хицаудзинадыл цыди фарӕстӕм аз. Уыцы азы дӕсӕм мӕйы Вавилоны паддзах Навуходоносор йе ’фсадимӕ Йерусалиммӕ ӕрбацыд ӕмӕ сахары алыварс ӕртыхсти.


Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз ацы адӕмӕн скъӕлдзо бахӕрын кӕндзынӕн, маргджын дон сын бадардзынӕн.


Йӕ кулдуӕрттӕ йын афӕлдӕхта зӕххыл, куы ратыдта, куы срӕдывта ӕвдузӕнтӕ! Уӕ, тард куы ’рцыдысты сӕ зӕххӕй паддзах ӕмӕ уӕздӕттӕ! О, нал хъуысы Хуыцауы Ӕгъдау! О, пехуымпартӕн Дунедарӕг ныр нал ӕвдисы рагуацтӕ!


Дунедарӕджы байсӕрст паддзах — нӕ царды комулӕфт — къӕппӕджы куы бахауди! Дзырдтам-иу: «Адӕмты ’хсӕн йемӕ нӕу махӕн фесӕфынӕй тас».


Сахарӕй уӕ ракӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ӕцӕгӕлӕтты къухтӕм ратдзынӕн, тӕрхоны азар уыл ныххуырсдзынӕн.


Сымах та, Израилы адӕм, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уӕ гуымирытӕм ацӕут ӕмӕ сын лӕггад кӕнут, кӕд Мӕнмӕ нӕ хъусут, уӕд, фӕлӕ Мын Мӕ уаз ном уӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ уӕ гуымирытӕй мауал фӕчъизи кӕнут.


Зӕххы цъары иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ уӕ ныххӕлиу кӕндзӕн Дунедарӕг дунейы ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр кӕмӕн ницы зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр ӕнӕзонгӕ чи уыдысты, уыцы хуыцӕуттӕн — дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн — лӕггад кӕндзыстут.


Се ’лгъӕгтӕ — хъӕдын ӕмӕ дурын, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирытӕ сын федтат.


Ныххӕлиу уӕ кӕндзӕн Дунедарӕг адӕмты ’хсӕн. Армыдзаг ма уыдзыстут, Дунедарӕг уӕ кӕдӕм фӕкӕна, уыцы адӕмты ’хсӕн.


Лӕггад кӕндзыстут уым адӕймаджы къухӕй конд дурын ӕмӕ хъӕдын хуыцӕуттӕн, уынгӕ дӕр ӕмӕ хъусгӕ дӕр, хӕргӕ дӕр ӕмӕ ӕмбудгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕн.


Дарддӕр дӕр ма фыдбылыз куы аразат, уӕд та уӕ паддзахимӕ иумӕ бабын уыдзыстут».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ