34 Ӕмӕ сӕрра уыдзынӕ, ӕппӕт уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ.
Иу дзы иннӕмӕ йӕхи нылхъывта, ӕддӕг-мидӕг ауадысты.
Сионы тӕригъӕдджынтӕ фӕтарстысты, ӕмризӕджы барызтысты ӕмӕ загътой: «Ӕнауӕрдон артӕн чи бафӕраздзӕн? Ӕнӕхуысгӕ пиллоны мидӕг цӕрын кӕй бон бауыдзӕн?»
Ривлайы сахары вавилойнаг паддзах Цедекиайӕн йӕ фыртты амарын кодта йӕхи раз, иудейаг уӕздӕтты се ’ппӕты дӕр ныццагъта.
Дӕ зонд дын фӕцӕуын кӕндзӕн Дунедарӕг, саугуырм бауыдзынӕ, кӕм дӕ ӕмӕ цы дӕ, уый дӕр нал ӕмбардзынӕ.
Дӕ зӕххы тыллӕг ӕмӕ дӕ къухты фӕллой дын, кӕй никуы зыдтай, уыцы адӕм хӕрдзысты, ды та дӕ бонтӕ ссӕст ӕмӕ ӕфхӕрдӕй тондзынӕ.
Дунедарӕджы азарӕй дӕ уӕрджытӕ ӕмӕ дӕ зӕнгтӕ рафаддзысты, ӕмӕ сын хос нӕ ардзынӕ, сӕрӕй къӕхтӕм сынчъытӕй нал зындзынӕ.
Ӕз уын афтӕ кӕмӕй загътон, нал ӕй фендзыстут, зӕгъгӕ, раст уӕ уыцы фӕндагыл уӕ наутыл аздахдзӕни Дунедарӕг фӕстӕмӕ Мысырмӕ. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй уыцы ран уымӕ бӕлдзыстут, цӕмӕй уӕ исчи йӕхицӕн цагъайраг скӕна, фӕлӕ уӕ хъуыдыгӕнӕг нӕ уыдзӕн».