Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Дӕ зонд дын фӕцӕуын кӕндзӕн Дунедарӕг, саугуырм бауыдзынӕ, кӕм дӕ ӕмӕ цы дӕ, уый дӕр нал ӕмбардзынӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:28
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

къӕсӕрыл цы адӕм уыди, уыдоны та кӕстӕрӕй, хистӕрӕй афтӕ бакуырм кодтой, ӕмӕ, дуар агургӕйӕ, фыдӕбоны хай баисты.


Зӕххы кӕронӕй Дӕм ӕрхӕндӕг зӕрдӕйӕ дзыназын. Къӕдзӕхы сӕрмӕ мӕ сис — мӕхи бон нӕу уырдӕм схизын.


Ныр уӕ сӕраппонд аразын ног хъуыддаг. Хурау бӕрӕг куы у, кӕй ӕрцӕудзӕн, уый, уӕд ӕй нӕ фиппайут? Ӕдзӕрӕг быдыры уын айгӕрддзынӕн фӕндаг, сыгъд быдырты уын рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ.


Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — паддзӕхтӕ ӕмӕ уӕздӕттӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ сӕнкъуысдзысты, сауджынтыл тас бахӕцдзӕн, пехуымпартӕ сагъдау аззайдзысты».


Куырмытау ныр куы хъеллау кӕнынц уынгты, сӕхи фӕчъизи кодтой тугӕй! Сӕ дарӕсыл сын ничи уӕнды андзӕвын.


Уымӕн ӕмӕ хъуаг ӕййафдзысты къӕбӕр ӕмӕ донӕй. Сӕ алкӕй дӕр тас бацӕудзӕн, ӕмӕ баруайдзысты сӕ тӕригъӕдты аххосӕй.


„Кӕсут-ма, ӕнӕввӕрсонтӕ! Стыр дисы бафтут ӕмӕ фесӕфут, уымӕн ӕмӕ уӕ заманы Ӕз ахӕм хъуыддаг аразын, ӕмӕ уын ӕй исчи куы загътаид, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид“».


Дунедарӕг дын мысырӕгты хуызӕн дӕ буар сынкъ ӕмӕ цъутхал фестын кӕндзӕн, хӕлмагӕй дӕ ницыуал зындзӕн, хордзоны тугнизӕй хъӕрздзынӕ ӕмӕ дын хос нӕ уыдзӕн.


Саугуырмау бон-сихорафон дӕ развӕндаг уырзӕй сгардзынӕ. Дӕ хъуыддӕгтӕй ницы фӕрӕстмӕ уыдзӕн, ӕдзухдӕр дӕ ссӕнддзысты ӕмӕ стигъдзысты, ӕмӕ дын сӕрылхӕцӕг нӕ уыдзӕн.


Ӕппӕт ацы арфӕтӕ ӕмӕ ӕлгъыстытӕ уыл куы ӕрцӕуой, Дунедарӕг уӕ, уӕ Хуыцау, ӕппӕт адӕмты ’хсӕн куы ныххӕлиу кӕна ӕмӕ, се ’хсӕн ӕрцӕргӕйӕ, уӕхи куы ӕрӕмбарат,


Стӕй Йешуа хъӕрӕй бакаст Ӕгъдауы чиныг ӕнӕхъӕнӕй, арфӕтӕ ӕмӕ ӕлгъыстытӕ, куыддӕриддӕр фыст ӕрцыдысты, афтӕ.


Дунедарӕджы Уд ныууагъта Саулы, ӕмӕ йӕ Дунедарӕгӕй ӕрвыст фыдмон удхарӕй мардта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ