Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Уӕ мӕрдтыл уын тӕхаг мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ ӕмбырдтӕ кӕндзысты, ӕмӕ сӕ асурӕг нӕ уыдзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:26
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ фыдыл худгӕ, йӕ ныййарӕг мадмӕ хъусыныл ӕлгъ цы цӕст кӕны, уый дӕлвӕзы халӕттӕ скъахдзысты.


Сӕ мӕрдтӕ баззайдзысты уӕлӕуыл ӕмӕ сысмаг уыдзысты, хӕхтӕ ныуудӕсдзысты сӕ туджы.


Цыппар хуызы сӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — карды цӕфӕй мӕлдзысты, куыйтӕ сӕ фӕйнӕрдӕм тондзысты, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ сӕ ныхъуырдзысты ӕмӕ сафдзысты.


«Хъизӕмӕрттимӕ амӕлдзысты, цӕссыг дӕр сыл ничи ӕркалдзӕн ӕмӕ сӕ ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты, фаджысау баззайдзысты уӕлӕуыл. Кард ӕмӕ стонгӕй бабын уыдзысты, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты».


Ӕз ацы ран Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн сӕ фӕндтӕ ӕнӕпайда фӕкӕндзынӕн, се знӕгты раз сӕ кардӕй ныццӕгъддзынӕн, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕй. Сӕ мӕрдтӕ сын уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холыйӕн ратдзынӕн.


сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыцы знӕгты къухмӕ ратдзынӕн, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты.


Ацы адӕмы мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холлаг суыдзысты, ӕмӕ сӕ иуварс асурӕг нӕ уыдзӕн.


Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзӕхты ӕмӕ стыр хицӕутты стджытӕ, стӕй сауджынты, пехуымпарты ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты стджытӕ ингӕнтӕй раппардзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ