Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Уӕ сӕрмӕ арв фестдзӕн ӕрхуы, уӕ къӕхты бын зӕхх — ӕфсӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:23
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».


Илийа араст ис Ахавмӕ, цӕмӕй йӕ разы ӕрлӕууа. Ныр Самарийы та скодта ӕвирхъау стонг заман.


Ӕз уын басӕтдзынӕн уӕ сӕрыстырдзинад, уӕ сӕрмӕ уын арв ӕфсӕны хуызӕн скӕндзынӕн, уӕ къӕхты бын зӕхх та — ӕрхуыйы ’нгӕс.


Ӕмӕ-иу Ӕз уый тыххӕй мӕнӕугӕрдӕнтӕй ӕртӕ мӕйы раздӕр зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, иу сахары-иу къӕвда ӕруарын кодтон, иннӕйы та нӕ; зӕххы иу хай-иу донӕй бафсӕстон, иннӕ та-иу бахус ис ӕнӕ донӕй.


Арв дӕр уын йӕ доны ’ртах уымӕн нал радта, ӕмӕ уӕ зӕххыл тыллӕг нал ӕрзад.


Дунедарӕг уыл бафтаудзӕни тарниз, тӕфсӕг ӕмӕ тӕвдниз, ӕнтӕф ӕмӕ хусрӕстӕг, уыраугӕ дымгӕ уыл рауадздзӕн, хъуына уыл схӕцын кӕндзӕн, ӕмӕ бабын уыдзыстут.


Къӕвдайы бӕсты уын Дунедарӕг уӕ зӕххыл рыг ӕмӕ фӕнык ӕруарын кӕндзӕн, ӕмӕ уӕ цалынмӕ быныскъуыд фӕкӕна, уӕдмӕ нӕ банцайдзӕни уыцы уарын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ