18 Ӕлгъыст уыдзысты дӕ зӕнӕг ӕмӕ дӕ зӕххы тыллӕг, де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосы цӕуӕт.
О Дунедарӕг, ӕркӕс мӕм! О, уый бӕрц ӕгъатыр кӕд кӕимӕ уыдтӕ?! Ныййарӕг мад йӕ сабиты хӕрынмӕ ’рцыд! Уӕ, сауджынӕй, пехуымпарӕй куы сӕфынц, Дӕ Кувӕндоны сӕ куы марынц!
Хойрагӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзынӕн, уӕ сылгоймӕгтӕ дӕсӕй иу пецы дзул фыцдзысты. Тӕразыл барстӕй уын дзул дӕтдзысты, ӕмӕ хӕрдзыстут, фӕлӕ не ’фсӕддзыстут.
Легъуи бӕлас дидинӕг куынӕ ракала, сӕнӕфсиры талайыл дыргъ куынӕуал фӕзына, куы ницы ’рзайа оливӕ бӕлӕстыл, хуымтӕ дӕр тыллӕг куынӕ раттой, фосдоны куынӕуал баззайа фыс, скъӕты — стурвос,
Уӕ мыггагыл уын хъоды бакӕндзынӕн, уӕ цӕсгӕмттыл уын, нывондӕн кӕй хӕссут, уӕ уыцы фосы фаджыс фӕкалдзынӕн, ӕмӕ уӕ йемӕ аппардзысты.
Ӕлгъыст уыдзынӕ сахары, ӕлгъыст уыдзынӕ быдыры.
Ӕлгъыст уыдзӕн дӕ рацыд ӕмӕ дӕ бацыд.
Арфӕгонд уыдзысты дӕ зӕнӕг ӕмӕ дӕ зӕххы тыллӕг, де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосы цӕуӕт.
Ма сын кувут ӕмӕ сын ма лӕггад кӕнут, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау; йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыдоны тӕригъӕдтӕ фидын кӕнын сӕ байзӕддӕгтӕн, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг.