10 Ӕмӕ фендзысты уӕд ӕппӕт дунейы адӕмтӕ, Дунедарӕджы ном кӕй хӕссут, уый ӕмӕ уӕ тӕрсдзысты.
Ӕмӕ айхъуысти Давиды ном ӕппӕт бӕстӕтыл, Дунедарӕджы фӕндонӕй дзы стъӕлфын байдыдтой ӕппӕт адӕмтӕ иууылдӕр.
ӕмӕ Мӕ адӕм, Мӕ ном чи хӕссы, уыдон, сӕрныллӕгӕй куы кувой, куы Мӕ агурой ӕмӕ сӕ фыдвӕндӕгтӕ куы ныууадзой, уӕд сӕ Ӕз фехъусдзынӕн уӕларвӕй, сӕ тӕригъӕд сын ныббардзынӕн ӕмӕ сын сӕ зӕхх сӕнӕниз кӕндзынӕн.
Мысырӕгтӕ израилӕгты тагъд кодтой; ӕвӕстиатӕй сӕ фӕндаг куыд дарой, ууыл архайдтой, науӕд иууылдӕр цагъды фӕуыдзыстӕм, зӕгъгӕ.
Афтӕ сын бакодта, ӕмӕ сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ фӕтахтысты, мысырӕгтӕн размӕ цӕуын нал ӕнтыст. Загътой: «Лидзгӕ нын у израилӕгтӕй — сӕ сӕрыл Дунедарӕг растад нӕ ныхмӕ».
Ӕмӕ систӕм ахӕм адӕм, цыма Ды никуы уыдтӕ нӕ паддзах, цыма Дын мах никуы зыдтам Дӕ ном.
Рохст лӕджы, фервӕзын кӕнын нӕ йӕ бон кӕмӕн нӕу, ахӕм хӕстоны хуызӕн цӕмӕн сдӕ? О Дунедарӕг, не ’хсӕн куы цӕрыс, Дӕ ном ныл куы сӕвӕрдӕуыд! О, ма нӕ ныууадз, курӕм!
Ацы сахар Мӕ ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн скадджын кӕндзӕн. Цы хорзӕхтӕ йын балӕвар кодтон, уый куы фехъусой, уӕд Мӕ цингӕнгӕйӕ стаудзысты. Цы фарнӕй йӕ схайджын кодтон, уый куы базоной, уӕд фыр тӕссӕй нырриздзысты.
Адӕмтӕ уӕ амондджын хондзысты, уымӕн ӕмӕ тӕхудиаг уыдзӕн уӕ зӕхх, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Афтӕ Мын арӕнт Мӕ ном израилӕгты сӕраппонд, ӕмӕ сыл Ӕз Мӕ арфӕ ӕруадздзынӕн».
цӕмӕй Дунедарӕгмӕ тырной иннӕ адӕмтӕ, ӕппӕт муртаттӕгтӕ, кӕмӕ фӕсидтӕн ӕмӕ Мӕ дӕлбар чи ис, уыдон иууылдӕр. Афтӕ зӕгъы Бардарӕг,
Ничи фӕлӕудзӕн уӕ ныхмӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ; тас ӕфтаудзӕн, кӕдӕм бацӕуат, уыцы бӕстӕтӕй алкӕуыл дӕр, ӕмӕ ӕмризӕджы риздзысты уӕ разы.
Тӕккӕ абонӕй фӕстӕмӕ, арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдоныл Ӕз тас ӕфтаудзынӕн, ӕмӕ уын ӕрмӕст уӕ койӕ дӕр ӕмризӕджы риздзысты“.
Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм цӕрӕг амораг паддзӕхтӕ ӕмӕ денджызы фарсмӕ цӕрӕг ханаанаг паддзӕхтӕ фехъуыстой, израилӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ куы хызтысты, уӕд сын Дунедарӕг сӕ развӕндагыл цӕугӕдон куыд байсысын кодта, уый, ӕмӕ тас бацыди сӕ зӕрдӕты, нал сӕм уыди израилӕгты ныхмӕ ӕрлӕууыны ныфс.
Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.