9 Моисей, сауджын левиттӕ йемӕ, афтӕмӕй загъта ӕгас Израилӕн: «Лӕмбынӕг хъусут, израилӕгтӕ! Абон сымах баистут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, адӕм.
Ды израилӕгты ӕнустӕм Дӕхи адӕм скодтай ӕмӕ Ды, Дунедарӕг, сдӕ сӕ Хуыцау!
Фӕлӕ тӕригъӕдӕй суӕгъд стут ӕмӕ систут Хуыцауы цагъартӕ; ныртӕккӕ уӕ хӕрзиуӕг у сыгъдӕг цард, ӕппынфӕстаг та райсдзыстут мыггагмӕйы цард.
Хъусут уӕдӕ Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ ӕххӕст кӕнут, абон уын кӕй дзурын, Йӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ фӕтк».
Дзӕбӕх куыд зыной ӕмӕ сын ӕнцонӕй равзарӕн куыд уа, афтӕ ныффыссут дуртыл ацы Ӕгъдауы ныхӕстӕ».