8 Дзӕбӕх куыд зыной ӕмӕ сын ӕнцонӕй равзарӕн куыд уа, афтӕ ныффыссут дуртыл ацы Ӕгъдауы ныхӕстӕ».
ӕфсӕн цыргъагӕй сӕ здыйыл скъах, дурыл сӕ сныв кӕн ӕнустӕм!
Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: «Цы дын раргом кӕнон, уый-иу къӕйдуртыл дзӕбӕх ныффысс, чи йӕ кӕса, уый йӕ ӕнцонӕй куыд равзара, афтӕ.
Ӕз уын ныронг ӕмбисӕндтӕй дзырдтон. Фӕлӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд уын Ӕз фӕсномыгӕй нал дзурдзынӕн, фӕлӕ уын ӕргомӕй Фыды тыххӕй зӕгъдзынӕн.
Махмӕ ис ахӕм ныфс ӕмӕ архайӕм ӕргом, ӕдӕрсгӕ;
Фидыды нывӕндтӕ хӕссут ӕмӕ хӕрут, цин кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, раз.
Моисей, сауджын левиттӕ йемӕ, афтӕмӕй загъта ӕгас Израилӕн: «Лӕмбынӕг хъусут, израилӕгтӕ! Абон сымах баистут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, адӕм.
Сарӕзта йӕ, Дунедарӕджы цагъар Моисей израилӕгтӕн куыд бацамыдта ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ: ӕфсӕйнаг кусӕнгарзӕй кӕмӕ нӕ бавнӕлдӕуыд, ахӕм дуртӕй. Дунедарӕгӕн ыл ӕрхастой иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ.