6 Ӕнӕвнӕлд дуртӕй скӕнут нывондхӕссӕн Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ йыл хӕссут иууылсудзинаг нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн.
Кувӕндон арӕзт цыди цӕттӕкарст дуртӕй, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ нӕдӕр дзӕбуджы, нӕдӕр сарты, нӕдӕр ӕндӕр исты ӕфсӕн кусӕнгарзы хъӕр хъуыст.
Нывондхӕссӕн Мын дурӕй куы аразай, уӕд дуртӕ ма лӕгъз кӕн: дӕ сарт дуртыл куыддӕр бандзӕвын кӕнай, афтӕ сӕ фӕчъизи кӕндзынӕ.
Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.
Уыцы ран Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, нывондхӕссӕн саразут, ӕфсӕйнаг кӕуыл нӕ андзӕвыди, ахӕм дуртӕй.
Фидыды нывӕндтӕ хӕссут ӕмӕ хӕрут, цин кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, раз.