Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 27:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Фаллаг фарсмӕ куы бахизат, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхмӕ бацӕуыны охыл, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ, уӕд-иу сыл ацы Ӕгъдауы ныхӕстӕ иууылдӕр ныффыссут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 27:3
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ уӕд Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, уӕ фыдӕлтӕн уын цы сомы ракодтон, уый, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары ӕмӕ абоны онг уӕ къухы чи ис, уыцы зӕхх сын ратдзынӕн, зӕгъгӕ“». Ӕз дзуапп радтон: «Аммен, Дунедарӕг!»


Сӕ фыдӕлтӕн сын, сомы ракӕнгӕйӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтай, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары, уый сын радтай.


Сымахӕн та загътон: „Сӕ зӕхх сын уӕхи бакӕндзыстут. Ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъарынц, уыцы зӕхх уын исбонӕн ратдзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, иннӕ адӕмтӕй уӕ Чи фӕхицӕн кодта, Уый.


Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт израилаг дзыллӕйы раз куы ӕрбалӕууыдысты Параны ӕдзӕрӕг быдыры, Кадешы, уӕд Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйӕн, цы федтой, уый радзырдтой, уырдыгон дыргътӕ сын равдыстой.


Кӕд нӕ Дунедарӕджы хорзӕх уа, уӕд нӕ уырдӕм бакӕндзӕн ӕмӕ нын ратдзӕн, йӕ сыджытӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕ.


Ӕрбакодта нӕ ацы ранмӕ ӕмӕ нын, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхх радта.


Уӕдӕ байхъусут, израилӕгтӕ, ӕмӕ архайут уыдӕттӕ ӕххӕст кӕныныл, цӕмӕй райгонд уат ӕмӕ сбирӕ уат, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн ныфс кӕмӕй бавӕрдта, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары, ууыл.


Уӕ къухыл сӕ бабӕттут нысанау, уӕ ныхыл сӕ ӕрбабӕттут.


«Мӕнӕ, — зӕгъы Хуыцау, — уыцы бонты фӕстӕ семӕ кӕй сараздзынӕн, уыцы Фидыд: сӕ зӕрдӕты сын нывӕрдзынӕн ӕмӕ сын сӕ зонды ныффысдзынӕн Ме ’гъдӕуттӕ».


Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры хӕтӕнхуаджы цардӕй фӕцардысты дыууиссӕдз азы бӕрц, цалынмӕ Мысырӕй рацӕуӕг хӕстхъом адӕм иууылдӕр амардысты, уӕдмӕ. Уыдон Дунедарӕджы коммӕ нӕ кастысты, ӕмӕ Дунедарӕг расомы кодта, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары ӕмӕ йӕ раттынӕй сӕ фыдӕлтӕн ард кӕй тыххӕй бахордта, уыцы зӕхх кӕй нӕ фендзысты.


Уыцы ран Йешуа ӕндӕр дуртыл ӕппӕт израилӕгты раз ногӕй ныффыста Моисейы Ӕгъдауы чиныг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ