Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 27:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 „Ӕлгъыст фӕуӕд, ацы Ӕгъдау чи нӕ нымайа ӕмӕ йын йӕ алы ныхас дӕр чи не ’ххӕст кӕна, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 27:26
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Цӕут ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсут, ацы чиныджы цы фыст ис, уымӕй. Бафӕрсут Ӕй мӕн тыххӕй, нӕ адӕмы тыххӕй ӕмӕ ӕгас Иудейы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ нӕм мӕстӕй судзы, нӕ фыдӕлтӕ Ӕгъдауы чиныджы домӕнтӕм сӕ хъус кӕй нӕ дардтой, кӕй сӕ не ’ххӕст кодтой, уый тыххӕй».


Дӕ Хуыцауы Ӕгъдау ӕмӕ паддзахы закъон чи не ’ххӕст кӕна, уыдонӕн ӕвӕстиатӕй хӕссут марыны, фӕтӕрыны, ӕхцайы фиддоны кӕнӕ ахӕстоны бакӕныны тӕрхон».


Рӕстгӕнӕг дӕр йӕ рӕстадыл йӕ къух куы сиса ӕмӕ ӕнӕраст митӕ кӕнын куы райдайа, ӕнаккаджы ӕлгъаг митӕ куы фӕзма, уӕд куыд хъуамӕ баззайа цӕргӕйӕ? Уымӕй размӕ рӕстагӕй цы сарӕзта, уыдон ын нал ӕрымыстӕуыдзӕн. Цы фӕлывд митӕ ӕмӕ цы тӕригъӕдтӕ кӕны, уыдоны тыххӕй амӕлдзӕн.


Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.


Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ адӕймаг куыд сраст вӕййы, уый тыххӕй Моисей афтӕ фыссы: «Чи йӕ ӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕни йӕ фӕрцы».


Бардарӕджы [Йесо Чырыстийы] чи нӕ уарзы, уый ӕлгъыст у. Марана та!


Ӕгъдауӕн лӕггадӕй тӕрхойнаг фӕуӕн уыдис, ӕмӕ кӕд уый скадджын ис, уӕд цас кадджындӕр хъуамӕ уа, адӕймаджы цы куыст раст кӕны, уый!


Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй ныфс кӕй ис, уыдонмӕ та се ’ппӕтмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕлгъыст. Уымӕн ӕмӕ фыст ис: «Ӕгъдауы чиныджы цы фыст ис, ӕппӕт уыдон иудадзыг чи не ’ххӕст кӕны, уый ӕлгъыст у».


„Ӕлгъыст фӕуӕд, Дунедарӕгӕн ӕлгъаг чи у, ахӕм гуымиры чи сараза, ӕрмдӕсныйы конд гуымиры сусӕгӕй чи сӕвӕра, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ