Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 27:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 „Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ фыды усимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуа, йӕ фыды чи фегад кӕна, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 27:20
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иуахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст ӕмӕ йын фӕхъыг ис. Йаковӕн уыди дыууадӕс фырты.


Ивылд донау абухыс ды, ӕмӕ нӕ уыдзӕн хистӕры кад дӕу: дӕ фыды уатмӕ ӕнӕфсармӕй схызтӕ, фӕчъизи мын кодтай мӕ хуыссӕн.


Авессаломӕн уӕлхӕдзар цатыр айтыгътой, ӕмӕ уый ӕгас Израилы раз ӕмуат ӕрцыди йӕ фыды номылустытимӕ.


Израилы зӕнӕджы хистӕр Рувим уыди, фӕлӕ йӕ фыды хуыссӕн куы фӕчъизи кодта, уӕд йӕ хистӕры кад лӕвӕрд ӕрцыд Израилы фырт Йосефы фырттӕн; ӕцӕг, хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды Йосеф хистӕрыл нымад нӕу.


Де ’хсӕн ис, йӕ фыды чи фегад кӕны, ахӕмтӕ: йӕ усимӕ йын ӕмуат ӕрцӕуынц; сӕ устытӕн батых кӕнынц се ’рвылмӕйон туг цӕуыны заман.


Ма ӕрӕмуат у дӕ мадимӕ — уымӕй дӕ фыды фегад кӕндзынӕ. Уый дӕ мад у, ма ӕрӕмуат у йемӕ.


Ма ӕрӕмуат у дӕ фыды бинойнагимӕ — уымӕй дӕ фыды ӕгад кӕныс.


Йӕ фыды бинойнагимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуа, уый фегад кӕндзӕн йӕ фыды, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын.


Мӕгуыртӕн сӕ сӕртӕ рыджы бын ныккодтой, сӕ фӕндагыл сын сӕвӕрдтой цӕлхдуртӕ. Фыд ӕмӕ фырт иу сылгоймагимӕ хӕтынц, сӕгад Мын кодтой Мӕ уаз ном.


Бӕлвырдӕй куыд фехъуыстон, афтӕмӕй уӕм ӕрцыди ахӕм ӕнӕуаг хъуыддаг, ӕмӕ суанг муртаттӕгтӕм дӕр никуыма уыди — чидӕр, дам, цӕры йӕ фыдыусимӕ.


Йӕ фыды усимӕ бацӕрыны бар никӕмӕн ис. Йӕ фыды бӕгънӕгӕй феныны бар никӕмӕн ис.


Йӕ мӕхстӕттӕ хъыгдард кӕмӕн сты кӕнӕ йе ’рдон буар кӕмӕн ралыг чындӕуыд, уыцы нӕлгоймагӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн нӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ