2 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы бӕстӕм куы ахизат Иорданы фаллаг фарсмӕ, уӕд дзы стыр дуртӕ сӕвӕрут ӕмӕ сӕ чъырӕй сцӕгъдут.
ӕфсӕн цыргъагӕй сӕ здыйыл скъах, дурыл сӕ сныв кӕн ӕнустӕм!
Ӕз сын иу зӕрдӕ ратдзынӕн, ног уд сын бавӕрдзынӕн сӕ мидӕг. Сӕ риуӕй сын дур зӕрдӕ стондзынӕн ӕмӕ сын дзы цардӕгас зӕрдӕ бавӕрдзынӕн,
Ӕз уын ратдзынӕн ног зӕрдӕ, ног уд уын бавӕрдзынӕн уӕ мидӕг. Уӕ риуӕй уын дур зӕрдӕ райсдзынӕн ӕмӕ уын сӕрныллӕг зӕрдӕ ратдзынӕн.
Уымӕн ӕмӕ сымах Иорданы сӕрты хизут, цӕмӕй уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы бӕстӕ уӕхи бакӕнат. Уӕхи йӕ бакӕндзыстут ӕмӕ дзы ӕрцӕрдзыстут,
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат, уӕхи йӕ куы бакӕнат ӕмӕ дзы куы ’рбынӕттон уат,
Ӕмӕ, израилӕгты хистӕртӕ йемӕ, афтӕмӕй загъта адӕмӕн Моисей: «Абон уын ӕз цыдӕриддӕр фӕдзӕхсын, уыдон ӕххӕст кӕнут.
Фаллаг фарсмӕ куы бахизат, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхмӕ бацӕуыны охыл, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ, уӕд-иу сыл ацы Ӕгъдауы ныхӕстӕ иууылдӕр ныффыссут.
Иорданы фаллаг фарсмӕ куы ахизат, уӕд, цы дуртӕй уын зӕгъын, уыдон Эвалы хохы сӕр сӕвӕрут ӕмӕ сӕ чъырӕй сцӕгъдут.
Уый уын уыцы фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афтӕ кӕмӕй загъта, бацамон сын сӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной, сӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕуынц, уым.
Байхъусут, израилӕгтӕ! Сымах ныр цӕут Иорданы фалемӕ, цӕмӕй, уӕхицӕй фылдӕр ӕмӕ хъаруджындӕр цы адӕмтӕ сты, уыдоны фӕсурат ӕмӕ уӕхи бакӕнат, уӕларвмӕ чи ӕххӕссы, уыцы фидаргонд сахартӕ,
цӕмӕй рӕсӕнуатыл ӕрзилой ӕмӕ адӕмӕн зӕгъой: «Уӕхицӕн фӕндаггаг хӕлц ӕрцӕттӕ кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕртӕ боны фӕстӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахиздзыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уый байсынмӕ».
Израилы адӕм Иорданы фаллаг фарсмӕ куы бахызтысты, уӕд Дунедарӕг Йешуайӕн загъта:
Уый фӕстӕ Йешуа Эвалы хохыл Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, сарӕзта нывондхӕссӕн.
Сарӕзта йӕ, Дунедарӕджы цагъар Моисей израилӕгтӕн куыд бацамыдта ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ: ӕфсӕйнаг кусӕнгарзӕй кӕмӕ нӕ бавнӕлдӕуыд, ахӕм дуртӕй. Дунедарӕгӕн ыл ӕрхастой иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ.
Уыцы ран Йешуа ӕндӕр дуртыл ӕппӕт израилӕгты раз ногӕй ныффыста Моисейы Ӕгъдауы чиныг.