18 „Ӕлгъыст фӕуӕд, куырм адӕймаджы галиу фӕндагмӕ чи аздаха, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“
Мӕ фыд мӕ, мыййаг, уырзӕй куы ӕрысгара, уӕд зӕгъдзӕни, хынджылӕг мӕ кӕны, зӕгъгӕ, ӕмӕ уӕд мӕхиуыл, арфӕйы бӕсты, ӕлгъыст бафтаудзынӕн».
Куырмӕн уыдтӕн цӕстытау, къӕхты бӕсты — къуылыхӕн;
Раст адӕймаджы галиу фӕндагмӕ чи сайы, уый йӕхи къӕппӕджы бахаудзӕн, сыгъдӕгзӕрдӕ та схайджын уыдзӕн фарнӕй.
Мӕ адӕмы раздзӕуджытӕ иууылдӕр куырм сты, ницы ’мбарынц. Иууылдӕр сты гоби куыйтау — сӕ бон срӕйын дӕр нӕу. Хуыссын бирӕ уарзынц ӕмӕ сӕхи ауагътой, фынӕйӕ сӕнттӕ цӕгъдынц.
Къуырмайӕн ма кӕн йӕ фыдгой ӕмӕ куырмӕн йӕ фӕндагыл цӕлхдур ма ӕвӕр. Дӕ Хуыцауӕй тӕрс. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».
„Ӕлгъыст фӕуӕд, ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ сидзӕргӕсы бартӕ йӕ къӕхты бын чи кӕна, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“
Фӕлӕ дӕ уӕддӕр иу цасдӕр азымджыныл нымайын, уымӕн ӕмӕ сымахмӕ ис, Балаамы ахуырадыл хӕст чи у, ахӕмтӕ; Балаам та сахуыр кодта Балакы, ӕмӕ уый Израилы адӕмы сардыдта мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕ хӕрын ӕмӕ хӕлд митӕ кӕныныл.