17 „Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ сыхаджы арӕныл фалдӕр чи ахӕца!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“
Ауӕдзы дуртыл ӕддӕдӕр ахӕцынц адӕм, давд фосӕй сфосджын вӕййынц.
Дӕ фыдӕлтӕ арӕнӕн цы дур сӕвӕрдтой, уый йӕ бынатӕй ма фезмӕлын кӕн.
Иудӕйы фӕтӕгтӕ искӕй ауӕдзыл фалдӕр кӕй ахӕцынц, уый тыххӕй сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн донау!
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уым, дӕ сыхагӕй де ’хсӕн фыдӕлтӕй цы арӕн баззад, ууыл ма бахӕц фалдӕр.