16 „Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады чи бафхӕра, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“
ӕмӕ загъта: «Ӕлгъыстаг фӕуӕд Ханаан! Йе ’фсымӕрты цагъартӕн — сӕ дӕлдӕр!»
Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, цӕмӕй дын, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрай.
Йӕ мад кӕнӕ йӕ фыды ӕфхӕрӕг хъуамӕ мард ӕрцӕуа.
Додой йӕ къона, йӕ фыдӕн афтӕ чи зӕгъы, дунейы рухс мын цӕмӕн фенын кодтай, йӕ мадӕн та — цӕмӕн мӕ ныййардтай, зӕгъгӕ!
Дӕ цӕрджытӕ ӕлгъ кӕнынц сӕ ныййарджытыл, ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы, сидзӕры ӕмӕ идӕдзы.
Алчидӕр уӕ нымайӕд йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды, ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.
Йӕ мад кӕнӕ йӕ фыды чи ӕлгъиты, уый мард ӕрцӕуӕд. Йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды кӕй ралгъыста, уымӕ гӕсгӕ йӕ мӕлӕты аххосджын йӕхӕдӕг у.
Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, цӕмӕй уай фӕрнджын ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн кӕй радта, уыцы зӕххыл.