10 Хъусут уӕдӕ Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ ӕххӕст кӕнут, абон уын кӕй дзурын, Йӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ фӕтк».
«Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сыгъдӕг дӕн.
Ӕппӕт адӕмтӕ цӕрынц, сӕхи хуыцӕуттӕм кувгӕйӕ, мах та мыггагмӕ кад кӕндзыстӕм Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн.
О адӕймаг! Хорздзинад цы у ӕмӕ дӕ Дунедарӕг цы домы, уый дын загъдӕуыди: рӕстдзинады фӕдыл цу, адӕмӕн хорздзинад ӕвгъау ма кӕн, сӕрныллӕгӕй цӕр дӕ Хуыцауы раз.
Уӕдӕ ут ӕнаипп, уӕ Уӕларвон Фыд ӕнаипп куыд у, афтӕ.
Уӕдӕ уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, кӕддӕриддӕр Ын ӕххӕст кӕн Йӕ домӕнтӕ, макуы ахиз Йе ’гъдӕуттӕ, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстыты сӕрты.
Дунедарӕгӕн загътат сымах абон, уӕ Хуыцау кӕй у, Йӕ фӕндӕгтыл кӕй цӕудзыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕтк, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй ӕххӕст кӕндзыстут, кӕй Йӕм хъусдзыстут.
Дунедарӕг та загъта сымахӕн, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ Йе ’взӕрст адӕм кӕй уыдзыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнат.
Уыцы бон Моисей бафӕдзӕхста адӕмӕн:
Моисей, сауджын левиттӕ йемӕ, афтӕмӕй загъта ӕгас Израилӕн: «Лӕмбынӕг хъусут, израилӕгтӕ! Абон сымах баистут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, адӕм.