6 Фӕлӕ нын мысырӕгтӕ хорз нӕ уыдысты, ӕфхӕрдтой нӕ, уӕззаудӕр цы куыст ис, ууыл нӕ ӕфтыдтой.
Израилӕгты, сӕ тых сын чи сӕтта, ахӕм уӕззау куыстытыл бафтыдтой. Цӕстдарджытӕ сын сӕвӕрдтой ӕмӕ сын фараонӕн дыууӕ сахары саразын кодтой ӕфтауцуатӕн — Питом ӕмӕ Рамсес.
Израилӕгты цард бынтондӕр зындон фестад: змӕстой ӕлыг ӕмӕ дзы амайӕн дуртӕ арӕзтой, быдыры фыдӕбон кодтой. Мысырӕгтӕ тӕригъӕд нӕ зыдтой, уӕззаудӕр цы куыст ис, уыдон сын се ’ккой скодтой.
ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕй ӕвгъӕдгӕс кӕмӕн уат, уыдонӕн-иу сӕ лӕппуты амарут, чызджытӕ та цӕрӕнт».
Уӕд фараон бардзырд радта йе ’ппӕт адӕмӕн: «Дзуттӕгтӕн-иу сӕ ноггуырд лӕппуты Нилы доны баппарут, чызджытӕ та уадз ӕмӕ цӕрой».
Уӕдмӕ бӕстӕйы сӕргъы ӕрлӕууыди ног паддзах, Йосефы чи нӕ зыдта, ахӕм.
Израилаг бӕрнылӕгтӕ куы фехъуыстой, самандуртӕ сӕ раздӕры бӕрц домынц, уый, уӕд базыдтой сӕ мӕгуыры бон.
Фараонмӕ Дӕ номӕй куы бацыдтӕн ӕмӕ йын Дӕ фӕндон куы загътон, уӕдӕй фӕстӕмӕ ноджы фыддӕр митӕ кӕны Дӕ адӕмӕн! Ды нӕ фервӕзын кодтай Дӕ адӕмы!»
Сӕ куыст уӕззаудӕр куы уа, уӕд сӕ дзӕгъӕл дзӕнгӕдамӕ нал ӕвдӕлдзӕн!»
Нӕ фыдӕлтӕ Мысырмӕ фӕцыдысты, ӕмӕ Мысыры бирӕ фӕцардыстӕм. Мысырӕгтӕ мах дӕр нӕ фыдӕлтау уӕлӕмӕ скӕсын нӕ уагътой.
Сдзынӕзтам Дунедарӕгмӕ, нӕ фыдӕлты Хуыцаумӕ, ӕмӕ нын Дунедарӕг фехъуыста не ’рдиаг. Уый нын федта нӕ фыдбылызтӕ, нӕ фыдӕбӕттӕ ӕмӕ не ’фхӕрд.
Сымах та Дунедарӕг уыцы ӕфсӕн тохынайӕ, Мысырӕй, уымӕн ракодта, цӕмӕй, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ суыдаиккат Йӕ адӕм.