4 Сауджын райсдзӕн чыргъӕд ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕны раз сӕвӕрдзӕн.
Куырмытӕ! Ахсджиагдӕр цы у: нывонд ӕви йӕ чи сыгъдӕг кӕны, уыцы нывондхӕссӕн?
Сауджынтӕй дзы кӕй баййафай, уымӕн зӕгъ: „Абон ӕз хъусын кӕнын Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, кӕй ӕрбацыдтӕн, Дунедарӕг, махӕн ӕй ратдзӕн, зӕгъгӕ, нӕ фыдӕлтӕн цы бӕстӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уырдӕм“.
Ды та-иу зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Мӕ фыдӕлтӕ уыдысты цӕугӕцардгӕнӕг арамейӕгтӕ. Армыдзагӕй Мысырмӕ фӕхаудтой, уым ӕрцардысты, ӕмӕ сӕ мыггаг даргъ-уӕрӕх ацыди, бабирӕ сты ӕмӕ хъаруджын адӕм систы.