Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 26:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Абон уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕгъы, цӕмӕй ацы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдты сӕрты ма хизат. Ӕнувыдӕй ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнут!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 26:16
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».


Кӕд Мӕ уарзут, уӕд ӕххӕст кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ.


Уӕдӕ ма мын зӕгъут ныр сымах, израилӕгтӕ, цы уӕ агуры Дунедарӕг, уӕ Хуыцау? Ӕрмӕстдӕр уый, цӕмӕй Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсат ӕмӕ Йын кад кӕнат, кӕддӕриддӕр Йӕ фӕдыл цӕуат, уарзат Ӕй, Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, зӕрдӕбынӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ лӕггад кӕнат;


Уӕдӕ уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, кӕддӕриддӕр Ын ӕххӕст кӕн Йӕ домӕнтӕ, макуы ахиз Йе ’гъдӕуттӕ, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстыты сӕрты.


Уӕдӕ афтӕ: ӕз уын кӕй дзурын, Дунедарӕджы ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй сфидар уат ӕмӕ, уӕхи йӕ бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уый уӕхи бауа;


Мӕнӕ сты, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым цӕргӕбонты бӕстон кӕй хъуамӕ ’ххӕст кӕнат, уыцы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.


Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут.


Дунедарӕгӕн загътат сымах абон, уӕ Хуыцау кӕй у, Йӕ фӕндӕгтыл кӕй цӕудзыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕтк, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй ӕххӕст кӕндзыстут, кӕй Йӕм хъусдзыстут.


Уым райдайдзыстут агурын Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕмӕ Йӕ удуӕлдайӕ, зӕрдиагӕй куы ӕрцагурат, уӕд Ӕй ссардзыстут.


Уый уын уыцы фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афтӕ кӕмӕй загъта, бацамон сын сӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной, сӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕуынц, уым.


Макуы хизут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхасы сӕрты, кӕддӕриддӕр ӕххӕст кӕнут, Уый уын цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхста, уыдон.


Уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт уд ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ.


Ӕртасын уӕ кӕныны ӕмӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕн уӕ зӕрдӕйы цы бынат ис, уый базоныны охыл уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры цы фӕндагыл фӕкодта, уый уӕ рох ма уӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ