Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 26:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ӕмӕ мӕнӕ ӕрбахастон, Дунедарӕг, Ды мын кӕй радтай, уыцы зӕххы тыллӕгӕн йӕ сӕртӕ“. Ӕмӕ сӕ ӕрӕвӕр Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, ӕмӕ дӕ сӕрӕй ныллӕг акув Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 26:10
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ адӕм, цӕмӕй ахӕм мысайнӕгтӕ нӕхи хъомысӕй дӕттӕм? Дӕ лӕвар у алцыдӕр, ӕмӕ, Дӕ къухӕй цы райстам, уый Дын радтам фӕстӕмӕ.


Йӕ кад ӕмӕ намыс цӕуынц Йӕ разӕй; Йӕ Кувӕндоны — Йӕ хъару ӕмӕ Йе стырад.


Дӕ хоры сӕртӕ ӕмӕ Мын дӕ сӕны хуыздӕр хӕссынмӕ фӕстиат ма кӕн. Уӕ фырттӕй хистӕр зӕнӕг чи уа, уый дӕттут Мӕнӕн.


Дӕ хуымы хоры сӕртӕ-иу ӕрбахӕсс дӕ Хуыцауы — Дунедарӕджы хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц.


Дунедарӕджы арфӕ адӕймаджы схъӕздыг кӕны, ӕмӕ йемӕ сагъӕс нӕ хӕссы.


Дӕ исбонӕй ӕмӕ дӕ алы ’фтиаджы сӕрӕй Дунедарӕгӕн кад кӕн кӕддӕриддӕр,


Уӕд Мӕм алы мӕйног ӕмӕ ӕрвылсабат иууылдӕр цӕудзысты, ӕмӕ-иу сӕ алчидӕр зоныг кӕндзӕни Мӕ разы.


Уӕдӕ, чидӕриддӕр ма у, искӕмӕн тӕрхон куы кӕнай, уӕд дын уый ныххатыр кӕнӕн нӕй. Искӕмӕн тӕрхон кӕнгӕйӕ, ды дӕхицӕн дӕр тӕрхон кӕныс, уымӕн ӕмӕ, цӕй тыххӕй тӕрхон кӕныс, дӕхӕдӕг дӕр уый гӕнӕг дӕ.


Уӕдӕ хӕргӕ кӕнат ӕви нуазгӕ, ӕви ӕндӕр исты хъуыддаг аразат, ӕппӕт дӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн.


Хор, сӕн, сой ӕмӕ къуымбилы сӕртӕ дӕр уыдонӕн дӕтгӕ сты.


Дунедарӕгӕн загътат сымах абон, уӕ Хуыцау кӕй у, Йӕ фӕндӕгтыл кӕй цӕудзыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕтк, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй ӕххӕст кӕндзыстут, кӕй Йӕм хъусдзыстут.


уӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн уӕ хай кӕй кӕны, уыцы зӕххӕй тыллӕг куы сисай, уӕд ын йӕ сӕртӕй чыргъӕды ахӕсс, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уырдӕм.


Сауджын райсдзӕн чыргъӕд ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕны раз сӕвӕрдзӕн.


Рох уӕ ма уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау: Уый абон дӕр уӕ фыдӕлтимӕ бадзырд нӕ сайы ӕмӕ уын хъару дӕтты, цӕмӕй мулкыл фӕхӕст уат.


Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕуӕн, де ’фсымӕр пехуымпартӕн, стӕй, ацы чиныджы ныхӕстӕ кӕмӕ хъарынц, уыдонӕн се ’мкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ