Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 26:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат, уӕхи йӕ куы бакӕнат ӕмӕ дзы куы ’рбынӕттон уат,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 26:1
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Фӕдзур израилӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъ: Ӕз уӕ цы бӕстӕм кӕнын, уырдӕм куы бацӕуат


«Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: кӕм цӕрдзыстут, уыцы бӕстӕм куы бацӕуат, Ӕз уын кӕй дӕттын, уыцы бӕстӕм


Дӕ адӕмы ’хсӕн пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕг куы фӕзына ӕмӕ дын исты ӕвдисӕйнаг кӕнӕ диссаг куы равдиса,


Амар ӕй! Фыццаг цӕф ыл дӕхи къухӕй ӕрцӕуӕд, уый фӕстӕ та йӕ цӕвӕнт иннӕ адӕм!


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм куы бацӕуат, уӕхи йӕ куы бакӕнат, куы дзы ӕрбынӕттон уат ӕмӕ куы зӕгъат, нӕ алыварс адӕмтау махӕн дӕр паддзах куы уаид, зӕгъгӕ,


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм куы бацӕуат, уӕд уымы адӕмты ӕлгъаг митӕ ма бафӕзмут.


Ӕмӕ никуы ныккӕлдзӕн ӕнаххосы туг, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уым, ӕмӕ тугныккалды азымджын нӕ фӕуыдзыстут.


Сбарут фӕзуат ӕмӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх ӕртӕ дихы акӕнут, цӕмӕй-иу туджджын уыцы сахартӕй искӕцымӕ алидза.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах куы фервӕзын кӕна уӕ алыварс знӕгтӕй ӕмӕ уын исбонӕн кӕй радта, уыцы зӕххыл уӕ куы ’рбынӕттон кӕна, уӕд-иу уӕ ма ферох уӕнт амалекӕгтӕ — сӕ кой дӕр-иу сын фесафут зӕххыл.


уӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн уӕ хай кӕй кӕны, уыцы зӕххӕй тыллӕг куы сисай, уӕд ын йӕ сӕртӕй чыргъӕды ахӕсс, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уырдӕм.


Мӕнмӕ сымах тыххӕй смӕсты ис Дунедарӕг ӕмӕ басомы кодта, ӕз Иорданы фаллаг фарсмӕ кӕй нӕ бахиздзынӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй хай кӕны, уыцы диссаджы бӕстӕм кӕй нӕ бацӕудзынӕн.


Ды та лӕуу ам, Мӕ цуры, ӕмӕ дын Ӕз фехъусын кӕнон ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сын сӕ ды бамбарын кӕнай ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной, цӕрынӕн сын цы бӕстӕ дӕттын, уым“.


Куы уӕ бакӕна Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, йӕ байсынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уырдӕм ӕмӕ куы фӕсура уӕ цурӕй, нымӕцӕй дӕр сымахӕй фылдӕр, хъаруйӕ дӕр сымахӕй ӕххӕстдӕр авд адӕмыхатты: хеттӕгты, гиргашӕгты, аморӕгты, ханаанӕгты, перизӕгты, хиввӕгты, евусӕгты,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ