Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 25:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 уӕд йе ’фсымӕры идӕдз бацӕуӕд, хистӕрты раз ын йӕ дзабыр йӕ къахӕй раласӕд, йӕ тӕккӕ цӕсгомыл ын бату кӕнӕд ӕмӕ зӕгъӕд: „Йе ’фсымӕры хӕдзар ногӕй рацаразын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн мӕнӕ афтӕ бакӕнынц“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 25:9
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Былысчъилӕй мӕ сӕхи иуварс ласынц, ӕнӕфсӕрмӕй мыл ту кӕнынц.


раст уыцы заман Дунедарӕг Амоцы фырт Исайайӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ сӕхъис пӕлӕз ӕмӕ дӕ дзабыртӕ ралас». Исайа раласта йӕ пӕлӕз ӕмӕ йӕ дзабыртӕ ӕмӕ бӕгънӕг-бӕгъӕввадӕй цыди.


Ме рагъ бадардтон, нӕмгӕ мӕ чи кодта, уыдонмӕ, мӕ роцъо та — мӕ зачъе мын чи тыдта, уыдонмӕ. Мӕхи нӕ аздӕхтон, хынджылӕг мӕ чи кодта, уыдонӕй, Мӕ цӕсгом нӕ бамбӕрзтон, тутӕ мыл куы кодтой, уӕд.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Йӕ фыд ын йӕ цӕсгомыл куы бату кӕнид, уӕд авд боны дӕргъы фыр ӕфсӕрмӕй йӕхи не ’мбӕхсид? Авд боны дӕргъы рӕсӕнуаты ӕдде фӕуӕд ӕмӕ-иу уый фӕстӕ ӕрбацӕуӕд».


Ӕмӕ Йын иутӕ Йӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнын райдыдтой, иннӕтӕ Йын цавтой Йӕ рустӕ


Фӕтутӕ Йыл кодтой, уый фӕстӕ Йын райстой Йӕ лӕдзӕг ӕмӕ Йын дзы Йӕ сӕр цавтой.


Уый адӕмӕн дзырдта: «Мӕ фӕстӕ ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр. Ӕз, ӕргуыбыр кӕнон ӕмӕ Йын Йӕ дзабыры бос райхалон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн.


Уыдон Ын алы ӕфхӕрӕн митӕ кӕндзысты, ехсӕй Йӕ нӕмдзысты, тутӕ Йыл кӕндзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты. Фӕлӕ ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзӕн».


мӕ фӕстӕ Цӕуӕг, ӕмӕ ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн».


Уыйадыл уыцы лӕджы хӕдзарвӕндагыл Израилы ’хсӕн, „бӕгъӕввӕдты мыггаг“, зӕгъгӕ, уыцы ном сбаддзӕн.


Уӕд хистӕртӕ хъуамӕ фӕдзурой лӕгмӕ ӕмӕ йемӕ ӕрныхас кӕной. Уый сӕ коммӕ нӕ бакасти, нӕ мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, цӕхгӕр ныллӕууыди,


Уӕд ын йӕ хӕстӕг дзуапп радта: «Ӕрвады хӕс мӕхимӕ райсын нӕу мӕ бон — уӕд мӕхи мулк хӕлӕттаг фӕуыдзӕн. Ды райс уыцы хӕс дӕхимӕ, мӕнӕн мӕ бон нӕу».


Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы, Ӕз дын зӕрдӕ бавӕрдтон: дӕ хӕдзар ӕмӕ Мын дӕ мыггаг ӕнусмӕ кӕндзысты лӕггад. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ уымӕн уӕвӕн нал ис! — зӕгъы Дунедарӕг. Аргъуыц Мӕ чи кӕны, Ӕз уыдоны сбӕрзонд кӕндзынӕн, чи Мӕ нӕ нымайы, уыдоны та ӕрныллӕг кӕндзынӕн!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ