5 Ӕфсымӕртӕ иумӕ цӕрынц, ӕмӕ сӕ иу амарди, фырт та йын нӕ баззади, зӕгъгӕ, уӕд ын йӕ идӕдзы хъуамӕ иннӕ ӕфсымӕр ракура.
Иуахӕмы хистӕр чызг кӕстӕрӕн загъта: «Нӕ фыд базӕронд ис, ӕмӕ, дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ немӕ чи бацӕра, ацы ран иу ахӕм лӕг нӕй.
«Ахуыргӕнӕг, Моисей загъта: „Исчи ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын йе ’фсымӕр хъуамӕ йӕ идӕдзы ракура ӕмӕ дзы йе ’фсымӕры номыл цот рауадза“.
«Ахуыргӕнӕг, Моисей ныффыста: „Искӕмӕн йӕ усджын ӕфсымӕр куы амӕла ӕмӕ йын зӕнӕг куынӕ баззайа, уӕд ын уый хъуамӕ йӕ идӕдзы ракура ӕмӕ дзы йе ’фсымӕры номыл цот рауадза“.
«Ахуыргӕнӕг, Моисей ныффыста: „Искӕмӕн йӕ усджын ӕфсымӕр ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын хъуамӕ йӕ идӕдзы ракура ӕмӕ дзы йе ’фсымӕры номыл цот рауадза“.
Наоми та сын загъта: «Аздӕхут, мӕ къонатӕ; цӕмӕн хъуамӕ ацӕуат мемӕ? Исты ма, мыййаг, сымахӕн мой чи суаид, ахӕм хъӕбултӕ ис мӕ гуыбыны?
Ныр уал бахсӕвиуат кӕн. Йӕ хӕс куыд у, афтӕ дӕ йе ’вджид бакӕныныл кӕд сразы уа уыцы къабаз райсом, уӕд хорз; кӕд ӕй нӕ бафӕнда, уӕд та дӕ, сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, мӕхи ӕвджид бакӕндзынӕн! Амӕй ӕрбабонмӕ уал хуысс».
Уӕртӕ кӕй ӕххуырстытимӕ куыстай, нӕ уыцы хӕстӕг Боаз ахсӕв мусы хъӕбӕрхор дымгӕмӕ дары.
Бафарста йӕ: «Кӕцы дӕ уый?» Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Руф дӕн ӕз, дӕ цагъар; дӕ дӕлбазыр мӕ бакӕн — хӕстӕг нын куы ӕййафыс».
Боаз дарддӕр дзырдта: «Наомийӕ зӕхх куы балхӕнай, уӕд моаваг Руф дӕр дӕуӕн кургӕ у, йӕ мард лӕджы исбон йӕ фӕдонтӕн куыд баззайа, афтӕ».